Дзӕгъиаты Уырызмӕджы ссӕрибар кодтой Хуссар Иры генпрокуроры бынатӕй

© Официальный сайт Генпрокуратуры РФ Дзӕгъиаты Уырызмӕг
Дзӕгъиаты Уырызмӕг - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.04.2021
Рафыссын
Цӕстдардон уагдоны сӕргълӕууӕджы йӕ бынатӕй сисыны скъуыддзаг рахастӕуыд республикӕйы парламенты сессийыл. Абон ма депутаттӕ ӕркӕсдзысты ног прокуроры кандидатурӕмӕ

ЦХИНВАЛ, 13 апр - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламент ссӕрибар кодта Дзӕгъиаты Уырызмӕджы республикӕйы генералон прокуроры бынатӕй.

РХИ парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.04.2021
Хуссар Иры парламент сфидар кодта куырдиат генпрокуроры йӕ бынатӕй ссӕрибар кӕныны фӕдыл

Президенты куырдиатмӕ ӕркастысты дыццӕджы сессийы рабадтыл.

Дзӕгъиаты Уырызмӕг ацы бынаты фӕкуыста фондз азы - 2016 азы апрелӕй фӕстӕмӕ.

Абон ма парламент хъуамӕ ӕркӕса Виталий Савченкойы кандидатурӕмӕ - уый бавдыста президенты прокуроры бынатмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0