Хуссар Иры рабӕрӕг кодтой фараст ног рынчыны COVID-19-ӕй

© Sputnik / Алексей Сухоруков /  Ахизын медиабанкмæПЦР-тест
ПЦР-тест - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.04.2021
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны пандемийы рӕстӕджы коронавирусон инфекцийӕ фӕрынчын сты ӕдӕппӕт 3275 адӕймаджы, хъусын кӕны санитарон уагдон

ЦХИНВАЛ, 13 апр — Sputnik, Хъуылымбегты Зæлинæ. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы рабæрæг кодтой фараст ног фæрынчынуæвæджы коронавирусæй, фехъусын кодта Sputnik "Югосетпотребнадзор"-ы сӕргълӕууӕг Коцты Марина.

Уый банысан кодта, къуырисӕры уагдоны ПЦР-лабораторийы кæй сарæзтой 72 тесты.

"COVID-19 рабӕрӕг ис фараст адæймагæн", - загъта сæйраг санитарон дохтыр.

Коцты Марина бафтыдта, медицинон хыгъдӕй иу суткӕмӕ кӕй систой авд адӕймаджы, пандемийы рӕстӕджы сӕнӕнизуӕвджыты иумӕйаг нымӕц схызт 2 906 онг.

Дохтырты хъусдарды бын ма стационарон ӕмӕ амбулаторон хоскӕнынадыл сты 369 адӕймаджы.

Республикӕйы пандемийы рӕстӕджы ӕдӕппӕт сарӕзтой 20 985 тесты коронавирусон инфекци рабӕрӕг кӕныны фӕдыл, уыдонӕй 3 275 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг.

Ног хабӕртты лентӕ
0