ХИПУ ӕмӕ ЦКФУ бафыстой Цхинвалы ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд

© Sputnik / Дзерасса ТеховаХИПУ ӕмӕ ЦКФУ бафыстой Цхинвалы ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд
ХИПУ ӕмӕ ЦКФУ бафыстой Цхинвалы ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.04.2021
Рафыссын
Цӕгат Кавказы федералон университеты делегаци ӕрцыд Хуссар Ирыстонмӕ ӕртӕбонон балцы. Столицӕйы уӕрӕсейаг ахуыргӕнӕндоны минӕвӕртты райста президент Бибылты Анатолий, иннӕ бон та бафыстой бадзырд ХИПУ-имӕ ӕмӕ ацыд зонадон-практикон конференци

ЦХИНВАЛ, 13 апр - Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты (ХИПУ) дыццӕджы бафыстой ног бадзырд ӕмгуыстады фӕдыл Цӕгат Кавказы федералон университетимӕ (ЦКФУ), афтӕ ма бафыстӕуыд бадзырд ӕхсӕнадӕмон зонад-иртасӕн лаборатори "Правовые механизмы обеспечения законности и правопорядка на Кавказе" саразыны фӕдыл.

Студенты бон ХИПУ-йы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.01.2021
ХИПУ аккагдӕр студентты схорзӕхджын кодтой президентон стипендитӕй

Документы бын сӕ къухфысттӕ ӕрывӕрдтой ахуыргӕнӕндӕтты ректортӕ Тедеты Вадим ӕмӕ Дмитрий Беспалов. Знон уазджыты райста республикӕйы президент Бибылты Анатолий, уый схорзӕхджын кодта университеты минӕвӕртты кады грамотатӕй, Дмитрий Беспаловы та майданӕй "Хуссар Ирыстоны Фыдыбӕстон хӕсты Уӕлахизыл 10 азы сӕххӕсты цытӕн".

ХИПУ ректоры ныхӕстӕм гӕсгӕ, дыууӕ университеты хсӕн ахастытӕ уӕрӕх кӕнынц. Афтӕ ма уый банысан кодта, ЦКФУ делегацийы ӕртӕбонон балцы рӕстӕджы кӕй ӕрдзурдзысты хуссарирыстойнаг ахуыргӕнӕндоны ӕфсӕддон кафедрӕ саразыны фарстыл.

Ректор ма радзырдта ӕмгуыстады дарддӕры нывӕзтытыл дӕр. ХИПУ минӕвӕрттӕн фадат уыдзӕн ӕмгуыстад кӕнын ЦКФУ кафедрӕтимӕ, цӕмӕй ныффыссой диссертацитӕ.

© Sputnik / Дзерасса ТеховаХИПУ ӕмӕ ЦКФУ минӕвӕрттӕ
ХИПУ ӕмӕ ЦКФУ бафыстой Цхинвалы ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.04.2021
ХИПУ ӕмӕ ЦКФУ минӕвӕрттӕ

ЦКФУ ректор Дмитрий Беспалов радзырдта ахуыргӕнӕндӕтты пайдаджын ӕмгуыстады тыххӕй ӕмӕ бахахх кодта, ранӕуӕггонд бадзырд кӕй у актуалондӕр.

Дмитрий Беспалов радзырдта нывӕзтгонд мадзӕлтты тыххӕй дӕр. Ацы аз октябрь-ноябры Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты базӕйыл ацӕудзӕн зонадон-практикон конференци "Правовая политика России и Южной Осетии в сфере профилактики социально опасных девиаций и охраны психологического здоровья".

Афтӕ ма адарддӕр кӕндзысты квалификаци фӕбӕрзонддӕр кӕныны фӕдыл курсытӕ хуссарирыстойнаг университеты коллективӕн.

Балц адарддӕр кодта зонадон практивон конференци "Современные методические приемы преподавания русского языка в учебных заведениях Республики Южная Осетия". Уым хайад райста делегаттӕй иу – профессор, ЦКФУ уырыссаг ӕвзаджы кафедрайы хистӕр Вячеслав Ходус. Аннӕ делегаттӕн ауагътой эксурси ХИПУ-йы корпусыл.

© Sputnik / Дзерасса ТеховаХИПУ ӕмӕ ЦКФУ минӕвӕрттӕ
ХИПУ ӕмӕ ЦКФУ бафыстой Цхинвалы ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.04.2021
ХИПУ ӕмӕ ЦКФУ минӕвӕрттӕ
Ног хабӕртты лентӕ
0