Хуссар Ирыстоны фехъусын кодтой COVID-19-ӕй ног рынчынты тыххӕй

© Sputnik / Mikhail Voskresenskiy /  Ахизын медиабанкмæПандеми
Пандеми - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.04.2021
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны пандемийы рӕстӕджы коронавирусон инфекцийӕ фӕрынчын сты ӕдӕппӕт 3278 адӕймаджы, сӕнӕниз сты 2911 пациенты

ЦХИНВАЛ, 14 апр — Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. "Югосетпотребнадзор"-ы ПЦР-лабораторийы ивгъуыд суткӕйы сарæзтой 93 иртæсты коронавирусон инфекци рабæрæг кæныны тыххæй, уыдонæй æртæ равдыстой низы уæвынад, фехъусын кодта Sputnik  санитарон уагдоны сӕргълӕууӕджы хæдивæг Гаглойты Анна.

 

"Дыццæджы саразгæ тесттæм гæсгæ COVID-19 рабӕрӕг ис æртæ адæймагæн", - загъта уый.

Гаглойты Анна банысан кодта, медицинон хыгъдӕй иу суткӕмӕ кӕй систой фондз адӕймаджы, пандемийы рӕстӕджы сӕнӕнизуӕвджыты иумӕйаг нымӕц схызт 2 911 онг.

Дохтырты хъусдарды бын ма стационарон ӕмӕ амбулаторон хоскӕнынадыл сты 367 адӕймаджы.

Республикӕйы пандемийы рӕстӕджы ӕдӕппӕт сарӕзтой 21 078 тесты коронавирусон инфекци рабӕрӕг кӕныны фӕдыл, уыдонӕй 3 278 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг.

Ног хабӕртты лентӕ
0