Ныссастам стереотиптæ: Хуссар Иры театры директор Мæскуыйы фыццаг гастрольты тыххæй

© Sputnik / Natalia Airiyan Пресс-конференци
Пресс-конференци - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.04.2021
Рафыссын
Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон театры актертæ æмæ директор радзырдтой, куыд сæмбæлдысты хуссарирыстойнаг труппæйыл Мæскуыйы æмæ сæ дарддæры нывæзты тыххæй

ЦХИНВАЛ, 14 апр – Sputnik, Козаты Диана. Хуссарирыстойнаг театры труппæйы гастрольтæ Мæскуыйы ныссастой стереотиптæ æмæ "атыдтой культурон информацион блокадæ", загъта пресс-конференцийы Sputnik уагдоны директор Уалыты Мæдинæ.

Пресс-конференци нывонд уыд Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры труппæйы фыццаг гастрольтæн Мæскуыйы. Уæрæсейаг столицæйы театралты размæ рахастæуыд спектакльтæ "Антигона", "Фандо æмæ Лис" æмæ "Юлий Цезарь". Гастрольтæ ацыдысты "Арбаты ирон культурæйы бонты" фæлгæтты.

© Sputnik / Natalia Airiyan Уалыты Мæдинæ
Ныссастам стереотиптæ: Хуссар Иры театры директор Мæскуыйы фыццаг гастрольты тыххæй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.04.2021
Уалыты Мæдинæ

Уалыты Мæдинæйы ныхæстæм гæсгæ, сæйраг мадзæлттæ ацыдысты Актеры централон хæдзары, кæсджытæ фылдæр бæрцæй уыдысты ирон æмбæстæгтæ.

"Уыдонæн тынг æхсызгон уыд ирон ныхас фехъусын, нæ спектакльтæ фенын. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыдис дзы Мæскуыйы цæрджытæ дæр, уыдонæн та мах аластам сæрмагонд аппаратурæ, цæмæй спектакльтæ фехъуыстаиккой тæлмацæй", - загъта уый.

Культурон уагдоны директор ма банысан кодта, ахæм гастрольтæ хуымæтæг хъуыддаг кæй нæу, уыдон бацæттæ кæнынæн хъæуы бирæ æмæ зæрдиагæй кусын.

"Махæн уый бантыст, мах ныссастам стереотиптæ æмæ атыдтам культурон информацион блокадæ. Нæ театры тыххæй базыдтой æмæ нæ ныр хондзысты", - бахахх кодта Уалыты Мæдинæ.

Уый ма бафтыдта, ныртæккæ кæй цæуындз бадзырдтæ ног гастрольтæ æмæ стыр сценæты тыххæй.

© Sputnik / Natalia Airiyan Тъехты Василий
Ныссастам стереотиптæ: Хуссар Иры театры директор Мæскуыйы фыццаг гастрольты тыххæй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.04.2021
Тъехты Василий

Хуссар Ирыстоны адæмон артист Тъехты Василий, кæцы архайдта æртæ спектаклы дæр, нымайы, гастрольтæ æцæгдæр кæй ацыдысты тынг бæрзонд æмвæзадыл.

"Алыхатт дæр иу рахатыдтæн, кæсджытæ-иу дисы кæй ныххаудысты. Уыдон æнхъæл нæ уыдысты, Хуссар Ирыстоны ахæм æмвæзадыл театр æмæ ахæм профессионалон актертæ кæ ис. Нæ спектакльтæй иумæ фæуазæг Гоша Куценко, кæцы стыр аргъ скодта хуссарирыстойнаг коллекæты профессионалондзинадæн", - радзырдта адæмон артист.

Хуссар Иры сгуыхт артисткæ Натия Чохели дæр банысан кодта, æддæмæ хæссын кæй хъæуы националон драматургийы.

"Уымæй мах фæдис кæндзыстæм æмæ бацымыдис кæндзыстæм фæсарæйнаг кæсджыты", - бахахх кодта уый.

© Sputnik / Natalia Airiyan Натия Чохели
Ныссастам стереотиптæ: Хуссар Иры театры директор Мæскуыйы фыццаг гастрольты тыххæй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.04.2021
Натия Чохели
Ног хабӕртты лентӕ
0