Хуссар Иры Дзауы районы аразынц сывӕллӕтты фӕзуат

© Пресс-служба Дзауского районаХуссар Иры Дзауы районы аразынц сывӕллӕтты фӕзуат
Хуссар Иры Дзауы районы аразынц сывӕллӕтты фӕзуат - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.04.2021
Рафыссын
Арӕзтад цӕуы ныр цалдӕр къуыри Хуыцъейы скъоламӕ хӕстӕг, фӕзуат саразыны тыххӕй районы хистӕрмӕ цӕрджытӕ бахатыдысты ивгъуыд азы

ЦХИНВАЛ, 20 апр - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы Хуыцъейы хъӕуы бавнӕлдтой сывӕллӕтты хъазӕн фӕзуаты арӕзтадмӕ, уый тыххӕй Sputnik фехъусын кодтой районы администрацийы пресс-службӕйы.

Арӕзтад цӕуы ныр цалдӕр къуыри Хуыцъейы скъоламӕ хӕстӕг.

"Куыстытӕ ӕххӕст кӕны районы цӕрӕнуатон-коммуналон хӕдзарад, сывӕллӕтты фӕзуат арӕзт цӕуы цӕрджыты куырдиатмӕ гӕсгӕ, кӕцытӕ фарон бахатыдысты районы хистӕрмӕ", - хъусын кӕнын пресс-службӕ районы ЦКХ хистӕр Цхуырбаты Тамерланы ныхӕстӕ.

Пресс-службӕйы ма банысан кодтой, сывӕллӕтты фӕзуат дзуапп кӕй дӕтдзӕн нырыккон домӕнтӕн.

© Пресс-служба Дзауского районаХуссар Иры Дзауы районы аразынц сывӕллӕтты фӕзуат
Хуссар Иры Дзауы районы аразынц сывӕллӕтты фӕзуат - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.04.2021
Хуссар Иры Дзауы районы аразынц сывӕллӕтты фӕзуат

"Уыдзӕн дзы тренажертӕ, хъеллаугӕнӕнтӕ. Иудзырдӕй, уыдзӕн ӕххӕстӕй нырыккон сывӕллӕтты хъазӕн фӕзуат", - загъта ЦКХ хистӕр.

Ӕмрӕстӕджы ма цӕрӕнуатон-коммуналон хӕдзарады кусджытӕ сыгъдӕг кӕнынц Уыцыфарсы хъӕуы доны хӕтӕл дӕр. 

Ног хабӕртты лентӕ
0