Хуссар Иры фӕстаг суткӕ рабӕрӕг кодтой иу ног рынчыны коронавирусӕй

© REUTERS / Giorgos MoutafisМедхо
Медхо - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.04.2021
Рафыссын
Республикӕйы пандемийы райдианӕй коронавирусон инфекцийæ ӕдӕппӕт фæрынчын сты 3293 адæймаджы, уыдонæй ныридæгæн сæнæниз сты 2938

ЦХИНВАЛ, 19 апр — Sputnik, Хъуылымбегты Зæлинæ. "Югосетпотребнадзор"-ы ПЦР-лабораторийы ивгъуыд суткæйы рабæрæг кодтой иу ног фæрынчынуæвæджы коронавирусæй, фехъусын кодта Sputnik дыццæджы санитарон уагдоны сӕргълӕууӕг Коцты Марина.

"Къуырисæры саразгæ 84 иртæстæй COVID-19 рабӕрӕг кодтой иу пациентæн", - загъта сæйраг санитарон дохтыр.

Коцты Марина бафтыдта, медицинон хыгъдӕй кӕй систой авд адӕймаджы, пандемийы рӕстӕджы сӕнӕнизуӕвджыты иумӕйаг нымӕц схызт 2938 онг. Дохтырты хъусдарды бын ма стационарон ӕмӕ амбулаторон хоскӕнынадыл сты 355 адӕймаджы.

Республикӕйы пандемийы рӕстӕджы ӕдӕппӕт сарӕзтой 21 480 тесты коронавирусон инфекци рабӕрӕг кӕныны фӕдыл, уыдонӕй 3 293 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг.

Ног хабӕртты лентӕ
0