Таможнӕйыл ахизын ӕмӕ ӕртӕ адӕймаджы мӕлӕт: цӕуыл дзырдтой Хуссар Иры парламенты сессийыл

© Sputnik / Natalia Airiyan Парламенты сесси
Парламенты сесси - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.04.2021
Рафыссын
Парламенты ӕртыццӕджы ацыд сессийы рабадт, кӕцыйы хайад райстой МХМ сӕргълӕууӕджы хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг ӕмӕ республикӕйы сӕйраг санитарон дохтыр

ЦХИНВАЛ, 21 апр - Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Арӕны сӕрты хизыны ног фӕтктӕ нӕ хауынц Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгтӕм, кӕцытӕ цӕуынц Уӕрӕсемӕ цыбыр ӕмгъуыдмӕ, радзырдта республикӕйцы сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Марина парламенты сессийыл, кӕцы ацыд ӕртыццӕджы. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Роспотребнадзор бахаста Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгты категоримӕ "транспортон фӕрӕзты экипажы уӕнгтӕ", кӕцытӕм ацы фӕтктӕ нӕ хауынц.

"Махӕн нырма цӕуынц консультацитӕ нӕ коллегӕтимӕ Цӕгат Ирыстонӕй. Мах фӕнды базонын, цы нысан кӕны "уӕвынады цыбырӕмгъуыдон период", - загъта Коцты Марина.

Уый фехъусын кодта ӕрӕмбырдуӕвджытӕн, зӕгъгӕ, не ‘мбӕстӕгты, кӕцытӕ цӕуынц Цӕгат Ирыстонмӕ, ничи хъыгдардзӕн. Афтӕ ма уый бахахх кодта, ӕмбаргӕ ахаст кӕй хъӕуы дарын ацы мадзӕлттӕм, уымӕн ӕмӕ дунейы ногӕй фылдӕр кӕны коронавирусӕй рынчынты нымӕц.

Ӕртӕ адӕймаджы мӕлӕт ӕмӕ наркотиктӕ

Парламенты сессимӕ фӕхуыдтой Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) сӕргълӕууӕджы х.ӕ. Пухаты Мерабы, кӕцы лӕмбынӕгӕй радзырдта ӕртӕ адӕймаджы амарыны тыххӕй. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ныртӕккӕ уагъд цӕуынц оперативон мадзӕлттӕ, цӕмӕй сбӕрӕг кӕной цауы ӕууӕлтӕ иууылдӕр.

© Sputnik / Natalia Airiyan Парламенты сесси
Таможнӕйыл ахизын ӕмӕ ӕртӕ адӕймаджы мӕлӕт: цӕуыл дзырдтой Хуссар Иры парламенты сессийыл - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.04.2021
Парламенты сесси

Парламенты сӕрдар Тадтаты Алан банысан кодта, ивгъуыд мӕй республикӕйы фесӕфта ӕрмӕст ацы ӕртӕ адӕймаджы нӕ, фӕлӕ ма ноджы цыппары, кӕцытӕ амардысты наркотикон буарадтӕй пайда кӕныны фӕстиуӕгӕн.

"Наркотикон буарадтӕй пайда кӕныны фӕдыл ивартӕ махмӕ сты минималон – аст мин сомы. Курын МХМ-йӕ, цӕмӕй законады фӕдыл парламентон комитетимӕ иумӕ бакусой наркотиктӕй пайда кӕныны фӕдыл ӕфхӕрд фӕкарздӕр кӕныны фарстыл", - загъта спикер.

Депутаттӕ сразы сты, фӕлӕ бахахх кодтой, наркотикон буарадтӕ кӕй хицӕн кӕнынц сӕ уӕззаудзинадӕй, уый фӕдыл сӕ пайда кӕныны фӕдыл ӕфхӕрд дӕр хъуамӕ уа хицӕн.

Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.04.2021
Цхинвалы сгарынц дыууæ адæймаджы мард æмæ ноджы иуы уæззау цæф –МХМ

Пухаты Мераб банысан кодта, 2021 азы фыццаг кварталы наркотикон буарадтӕй пайда кӕныны тыххӕй кӕй фӕивар кодтой республикӕйы 28 ӕмбӕстаджы.

Парламенты сессийы боны фӕткмӕ ӕдӕппӕт бахастой ӕхсӕз фарсты.

Уымӕй дарддӕр, депутаттӕ сфидар кодтой кандидатурӕты номхыгъд Гуырдзыстонимӕ арӕны делимитаци ӕмӕ демаркацийы фарсты фӕдыл закондӕттӕг орган ӕмӕ хицауады иумӕйаг къамисмӕ. Уырдӕм бахызтысты Гаглойты Малхаз (Коммунистон парти), Остъаты Роберт ӕмӕ Медойты Дзамболат (Адӕмон парти), Гасситы Петр ӕмӕ Бибылты Ацӕмӕз ("Иугонд Ирыстон"), Тъехты Алан ("Иудзинад"), Санахъоты Давид ӕмӕ Ӕлборты Алан ("Ныхас"), Сланты Иван ӕмӕ Мулдарты Гарри ("Рӕстдзинадыл" депутатон иугондӕй).

© Sputnik / Natalia Airiyan Парламенты сесси
Таможнӕйыл ахизын ӕмӕ ӕртӕ адӕймаджы мӕлӕт: цӕуыл дзырдтой Хуссар Иры парламенты сессийыл - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.04.2021
Парламенты сесси

Боны фӕткы аннӕ фарстытӕ дӕр хорзыл банымадтой парламенты депутаттӕ, сӕ нымӕцы: "ВИЧ-инфекцийы апарахат ӕмӕ рагфӕдзӕхсты фӕдыл", "Хуссар Ирыстоны чысыл ӕмӕ астӕуккаг амалиуӕгадӕн уӕлбар кредиттӕ раттыны Фонды 2020 азы бюджет сӕххӕст кӕныны фӕдыл" ӕмӕ паддзахадон программӕйы проект "Хуссар Ирыстоны чысыл ӕмӕ астӕуккаг амалиуӕгады райрӕзтӕн ӕххуыс", афтӕ ма ивындзинӕдтӕ бахастой законтӕм "Ахуырады фӕдыл", ӕмӕ "Архайды хицӕн хуызтӕн лицензитӕ дӕттыны фӕдыл".

 

Ног хабӕртты лентӕ
0