Хуссар Иры премьер бахӕс кодта бакусын ӕмбӕстӕгты фӕдзӕхсты техникон фарстытыл

© Sputnik / Наталья АйриянХицауад
Хицауад - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.04.2021
Рафыссын
Хицауады сӕрдар Бекъойты Геннадий ауагъта кусӕгон рабадт профилон министрӕдтӕ ӕмӕ уагдӕтты разамонджытимӕ, кӕцыйы рӕстӕджы ӕрныхас кодтой пенсион ифтонгады фадыджы социалон фӕдзӕхсты фонды куысты техникон фарстытыл

ЦХИНВАЛ, 22 апр - Sputnik. Премьер-министр Бекъойты Геннадий бахӕс кодта бакусын техникон фарстытыл, кӕцытӕ баст сты Хуссар Ирыстоны социалон ӕмӕ пенсион фӕдзӕхсты фондты архайдимӕ. Уый тыххӕй хицауады сӕрдар фехъусын кодта профилон министрӕдтӕ ӕмӕ уагдӕтты разамонджытимӕ рабадтыл дыццӕджы, хъусын кӕны хицауады пресс-службӕ.

Хицауад - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.03.2021
Хуссар Иры хицауад кусы социалон фӕдзӕхсты системӕйы арӕзтадыл – Бекъойты Геннадий

"Персонифицион номхыгъды системӕйы арӕзтад баххуыс кӕндзӕн ӕрӕмбырд кӕнын информаци кусгӕ ӕмбӕстӕгты тыххӕй, цӕмӕй уыдонӕн тагъддӕр ӕмӕ ӕнцондӕрӕй снысан кӕной пенситӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Рабадты рӕстӕджы Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады сӕргълӕууӕджы х.ӕ. Тотчиты Георгий банысан кодта, зӕгъгӕ, УФ хицауады профилон блокимӕ куысты рӕстӕджы ӕрныхас кодтой техникон ӕххуысы тыххӕй хуссарирыстойнаг фарсӕн, цӕмӕй саразой персонифицион номхыгъд кусгӕ ӕмбӕстӕгтӕн, фӕлӕ уый тыххӕй хъӕуы бавдисын дырыс информаци программон ифтонгадмӕ домӕнтӕм гӕсгӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0