Беркъайы цыдысты лӕппу-лӕгтӕ: Хъазиты Мелитон рагон ӕгъдауы тыххӕй

© Sputnik / Наталья АйриянБеркъайы цыдысты лӕппу-лӕгтӕ: Хъазиты Мелитон рагон ӕгъдауы тыххӕй
Беркъайы цыдысты лӕппу-лӕгтӕ: Хъазиты Мелитон рагон ӕгъдауы тыххӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.05.2021
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны ӕрвылаз Куадзӕны размӕ ӕхсӕв адӕмон ӕгъдаумӕ гӕсгӕ сывӕллӕттӕ цӕуынц бӕркъайы. Традици ӕрфидар канд хъӕуты нӕ, фӕлӕ горӕты дӕр

ЦХИНВАЛ, 1 май - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны сабаты изӕр рагон рог ӕгъдаумӕ гӕсгӕ нысан кӕнынц Беркъа, сывӕллӕттӕ кафгӕ ӕмӕ заргӕ зилынц хӕдзар-хӕдзар, фысымтӕ сӕ суазӕг кӕнынц  рӕвдауӕттӕй. Фысджыты цӕдисы ӕмсӕрдар Хъазты Мелитоны ныхӕстӕм гӕсгӕ, йӕ чысылы бонты рӕстӕгӕй ацы ӕгъдау цӕхгӕр фӕивта.

"Ӕз мӕ сабибонтӕй куыд хъуыды кӕнын, афтӕ нал у. Абон кӕцыдӕртӕ сӕ зӕнӕгимӕ дӕр разилынц. Раздӕр нӕдӕр чызджыты зылдысты, нӕдӕр чысыл ӕнахъом сабитӕ. Цыдысты-иу лӕппутӕ, ӕмӕ ӕгӕр стӕмӕй лӕппу-лӕгтӕ дӕр, бынтон зӕронд ма уыдаид, уый йеддӕмӕ", - дзуры уый.

Хъазиты Мелитоны ма дзуры, Беркъайы къордмӕ ӕнӕмӕнг хъуамӕ уыдаид музыкалон инструмент.

Хуссар Иры банысан кӕндзысты Зазхӕссӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.04.2021
Сӕйраг у дӕхи бафӕдзӕхсын: Хуссар Иры нысан кӕнынц Зазхӕссӕн

"Ӕгас хъӕуы-иу уыд ӕрмӕст иу къорд. Ӕнӕмӕнг сӕм хъуамӕ уыдаид музыкалон инструмент - фӕндыр, уадындз, гуымсӕг", - бафтыдта уый.

Беркъайы рӕстӕджы ма дыууӕ хъӕуы къорды хсӕн гӕнӕн уыдис ӕмӕ бацайдагъ уыдаид тох.

"Дыууӕ къорды кӕрӕдзийыл фембӕлгӕйӕ-иу стох кодтой. Фӕлвӕрдтой-иу байсын цы ӕрӕмбырд кодтой, уый. Уымӕ гӕсгӕ беркъайы чи цыд, уыдонӕй цалдӕр уыдысты тыхӕй ӕххӕст", - балхынцъ кодта фыссӕг.

Хуссар Ирыстоны ӕрвылаз Куадзӕны размӕ ӕхсӕв адӕмон ӕгъдаумӕ гӕсгӕ сывӕллӕттӕ цӕуынц бӕркъайы. Традици ӕрфидар канд хъӕуты нӕ, фӕлӕ горӕты дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0