Хуссар Иры фæсивæдон организаци уары газет "Правда" æмæ "Георгийаг лентæтæ"

© Sputnik / Natalia Airiayn Хуссар Иры фæсивæдон организаци уарынц газет "Правда" -йы номыртæ æмæ "Георгийы лентæтæ"
Хуссар Иры фæсивæдон организаци уарынц газет Правда -йы номыртæ æмæ Георгийы лентæтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.05.2021
Рафыссын
"Газета Победы"-йы уарыны проекты инициатор сис Хуссар Ирыстон Татарстаны уагъдцæуæг форум "Ты нужен своей стране"-йы

ЦХИНВАЛ, 7 мая — Sputnik, Дриаты Лейла. Республикон фæсивæдон æхсæнадон организаци "Иууон Алани" æмæ Ирыстоны Россотрудничествойы минæварад уадзынц æрвылазон акци. Активисттæ уардзысты газет "Правда" номыртæ æмæ "Георгийы лентæтæ".

"Фæсивæдон организацийы активисттæ уарынц историон газет "Правда" 1945 азы 9 майæ æмæ мингай "Георгийы лентæтæ". Акци райдыдта республикæйы районтæй æмæ бакæронмæ ис Хуссар Ирыстоны столицайы", - радзырдтой "Иууон Алани"-йы фæсивæдон организацийы.

Акци нæ республикæйы уагъд цæуы 2017 азæй.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ газет "Правда"-йы юбилейон номыры 1945 азы 9 майы рауагъды официалонæй мыхуыр æрцыдис Советон Цæдисы уæлахиз фашистон Германыл.

"Газета Победы"-йы  уарыны проекты инициатор сис Хуссар Ирыстон Татарстаны уагъдцæуæг форум "Ты нужен своей стране"-йы.

Акцийы аразджыты хъуыдымæ гæсгæ, йæ сæйраг нысан у рæзгæ фæлтæрæн сæ зæрдыл æрлæууын кæнын, цавæр аргъæй æлхæд æрцыд Уæлахиз.

Ног хабӕртты лентӕ
0