Хуссар Иры ӕвӕрынц дидинтӕ Уӕрӕсейы минӕварадмӕ Казаны трагедийы фӕдыл

© Sputnik / Мария СанакоеваХуссар Иры ӕвӕрынц дидинтӕ Уӕрӕсейы минӕварадмӕ Казаны трагедийы амӕттӕгты мысӕнӕн
Хуссар Иры ӕвӕрынц дидинтӕ Уӕрӕсейы минӕварадмӕ Казаны трагедийы амӕттӕгты мысӕнӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.05.2021
Рафыссын
Дыццӕджы Казаны скъолатӕй сӕ иуы ӕрцыд ӕвирхъау трагеди, ахуырадон уагдоны ӕхсыны рӕстӕджы амардысты авд ахуырдзауы, ахуыргӕнӕг ӕмӕ техникон кусӕг. Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕ цӕуынц уӕрӕсейаг минӕварадмӕ, цӕмӕй тӕфӕрфӕс скӕной трагедийы амӕттӕгтӕн

ЦХИНВАЛ, 12 май — Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Уӕрӕсейы минӕварадмӕ Хуссар Ирыстоны ӕртыццӕджы цӕуынц адӕм дидинтимӕ, цӕмӕй равдисой Казаны цӕрджытӕн сӕ ӕмуддзинад ӕвирхъау трагедийы фӕдыл.

Казаны трагеди - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.05.2021
Бибылты Анатолий тӕфӕрфӕсы тел арвыста Татарстаны сӕргълӕууӕгмӕ Казаны трагедийы фӕдыл

Дыццӕджы райсомӕй Казаны скъолатӕй иуы 19-аздзыд студент райдыдта ӕхсын ӕхсӕнгарзӕй. Фӕстаг бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, ацы ӕнамонд хабары фӕстиуӕгӕн амардысты авд ахуырдзауы, ахуыргӕнӕг ӕмӕ ноджы иу сылгоймаг - техникон кусӕг. Цӕфтӕ та райстой 23 адӕймаджы.

Ӕртыццӕджы райсомӕй фӕстӕмӕ, хицауад, парламент ӕмӕ республикӕйы ахуырадон уагдӕтты минӕвӕрттӕ цӕуынц минӕварады бӕстыхаймӕ, цӕмӕй ссарой Казаны трагедийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ. Столицӕйы цӕрджыты ныхӕстӕм гӕсгӕ, сывӕллӕтты ныхмӕ тыхмийӕ стырдӕр трагеди нӕй.

© Sputnik / Мария СанакоеваХуссар Иры ӕвӕрынц дидинтӕ Уӕрӕсейы минӕварадмӕ Казаны трагедийы амӕттӕгты мысӕнӕн
Хуссар Иры ӕвӕрынц дидинтӕ Уӕрӕсейы минӕварадмӕ Казаны трагедийы амӕттӕгты мысӕнӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/4
Хуссар Иры ӕвӕрынц дидинтӕ Уӕрӕсейы минӕварадмӕ Казаны трагедийы амӕттӕгты мысӕнӕн

2/4

3/4

4/4

Амӕйразмӕ Хуссар Ирыстоны сӕргълӕууӕг Бибылты Анатолий, кӕцы ныртӕккӕ ис балцы Донбассы, арвыста тел Татарстаны президент Рустам Миннихановмӕ Казаны трагедийы фӕдыл.

Республикӕйы цӕрджыты ӕмӕ йӕхи номӕй Бибылты Анатолий тӕфӕрфӕс ракодта трагедийы амӕттӕгты бинонтӕ ӕмӕ хиуӕттӕн, фӕцӕфуӕвджытӕн та йӕ цӕст бауарзта, цӕмӕй тагъд сӕнӕниз уой.

Ног хабӕртты лентӕ
0