Стоматологтӕ ӕрӕх сабиты кӕй нӕ райсынц, ууыл ӕруынаффӕ кодтой Хуссар Иры депутаттӕ

© Sputnik / Кирилл Брага /  Ахизын медиабанкмæ стоматолог
 стоматолог - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.05.2021
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны ӕнӕниздзинады кабазы стоматологион хайады цы вазыгджын уавӕр сӕвзӕрд, уый рахастой социалон политикӕ ӕмӕ ӕнӕниздзинады фӕдыл парламентон комитеты уынаффӕмӕ

ЦХИНВАД, 14 май - Sputnik. Хуссар Ирыстоны сывӕллӕттӕн стоматологион ӕххуысы проблемӕтыл ӕрдзырдтой социалон политикӕ ӕмӕ ӕнӕниздзинады фӕдыл парламентон комитеты рабадты цыппӕрӕмы. 

Комитеты сӕргълӕууӕг, закондӕттӕг органы вице-спикер Плиты Александр радзырдта, стоматологион службӕйы кӕй нӕй специалисттӕ, кӕцытӕ кусиккой ӕрмӕстдӕр сабитимӕ.

"Уыд ахӕм цау, ӕмӕ ӕрбакой сывӕллоны, кӕцыйӕн тынг рыст йӕ дӕндаг. Хайады гӕс ӕй арвыста дохтырмӕ, фӕлӕ йӕ уый нӕ райста, зӕгъгӕ, нӕй мӕм сӕрмагонд сертификат, кӕцы бар дӕтты сабитимӕ кусынӕн. Стоматологион поликлиникӕйы гӕс дохтырӕн рахаста ӕфхӕрд. Дохтыр бахъаст кодта тӕрхондонмӕ ӕмӕ рамбылдта процесс", - дзырдӕуы парламенты пресс-службӕйы хъусинаджы.

Стоматологион поликлиникӕйы сӕйраг дохтыр Плиты Виталий куыд банысан кодта, афтӕмӕй уыцы хабары фӕстӕ дохтыртӕ-стоматологтӕ нал фӕисынц сывӕллӕтты.

Парламентон комитеты сӕргълӕууӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, сабитимӕ кусыны тыххӕй сертификаттӕ нӕй окулисттӕ, ЛОР-дохтыртӕ ӕмӕ ӕндӕр специалисттӕн дӕр, ӕмӕ уӕд уыдонӕн дӕр у сӕ бон ма исын сывӕллӕтты ӕмӕ сын ма ӕххуыс кӕнын.

РХИ парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.03.2021
Хуссар Иры парламенты ӕрдзырдтой ВИЧ-инфекцийы апарахаты рагфӕдзӕхсты фӕдыл законыл

Республикӕйы ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министры хӕдивӕг Наниты Сослан бамбарын кодта, зӕгъгӕ, законмӕ гӕсгӕ ацы хабары тыххӕй ис бахъастгӕнӕн тӕрхондонмӕ, уымӕн ӕмӕ дӕндаджы карз рыст хауы ӕвӕстиат ӕххуыс чи домы, ахӕм низтӕм.

"Законы ацы пунктмӕ хауынц адӕм иууылдӕр, уыдонимӕ сабитӕ дӕр, кармӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ", - загъта Наниты Сослан.

Уый ма бафтыдта, проблемӕйыл кӕй бакусдзысты ӕмӕ кӕй агурдзысты сабитимӕ кусыны сертификаттӕ кӕмӕ ис, ахӕм стоматологты.

Плиты Александр ма боны фӕткмӕ рахаста, республикӕйы ортодонтия кӕй нӕй, уыцы фарст дӕр. Уый банысан кодта, кӕй ис специалисттӕ, ис сын сертификаттӕ дӕр, фӕлӕ сын нӕй кабинет, уымӕ гӕсгӕ сабиты бахъӕуы арвитын Цӕгат Ирмӕ.

Стоматологион поликлиникӕйы сӕйраг дохтыр куыд радзырдта, афтӕмӕй цӕмӕ сифтонг кӕной кабинеттӕ ӕмӕ бакӕной уӕлӕмхас штаттӕ, уый тыххӕй сӕ бахъӕудзӕн дыууӕ милуан сомӕй фылдӕр. Афтӕ ма уый бахатыд депутаттӕм, цӕмӕй сын баххуыс кӕной ӕрвылмӕй дӕр уӕлӕмхасӕй 100 мин сомы хицӕн кӕнынӕн стоматологион ӕрмӕг амал кӕнынӕн.

 

 

Ног хабӕртты лентӕ
0