Хуссар Иры рабӕрӕг кодтой иу ног рынчыны коронавирусӕй

© Sputnik / Кирилл Брага /  Ахизын медиабанкмæCOVID-19
COVID-19  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.05.2021
Рафыссын
Ӕдӕппӕт пандемийы рӕстӕджы республикӕйы фӕрынчынуӕвджыты иумӕйаг нымӕц схызт 3331 онг, сӕнӕниз сты 3012 пациенты

ЦХИНВАЛ, 17 май — Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд майрӕмбоны рабӕрӕг кодтой иу ног рынчыны коронавирусӕй, фехъусын кодта Sputnik республикӕйы сӕйраг санитарон уагдоны сӕргълӕууӕг Коцты Марина.

Уый бамбарын кодта, улæфт бонты "Югосетпотребнадзор"-ы ПЦР-лабораторийы кæй нæ сарæзтой тесттæ, къуырисæры иртæстты тыххæй та фехъусын кæндзысты сом райсом.

"COVID-19 рабӕрӕг кӕныны фӕдыл майрӕмбоны цы 42 тесты сарӕзтой, уыдонӕй иу равдыста вирусы уӕвынад", - загъта Коцты Марина.

Уый бафтыдта, майрӕмбоны медицинон хыгъдӕй кӕй систой цыппар адӕймаджы, пандемийы рӕстӕджы сӕнӕнизуӕвджыты иумӕйаг нымӕц схызт 3012 онг. Дохтырты хъусдарды бын ма стационарон ӕмӕ амбулаторон хоскӕнынадыл сты 319 адӕймаджы.

Республикӕйы пандемийы рӕстӕджы ӕдӕппӕт сарӕзтой 22 393 тесты коронавирусон инфекци рабӕрӕг кӕныны фӕдыл, уыдонӕй 3 331 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг.

Ног хабӕртты лентӕ
0