Цыппар ФТЦ ӕмӕ дыууӕ хъыгдардбаййафӕджы: МХМ ивгъуыд къуырийы уавӕры тыххӕй

© МВД РЮОМилици
Милици - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.05.2021
Рафыссын
Барадхъахъхъӕнӕг уагдоны фехъусын кодтой фыдракӕндтӕ ӕмӕ республикӕйы фӕндӕгтыл уавӕры тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 18 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны фӕндӕгтыл ивгъуыд къуыри ӕрцыд цыппар фӕндагон-транспортон цауы (ФТЦ), кӕцыты фӕстиуӕгӕн бахъыгдард сты дыууӕ адӕймаджы. Уый тыххӕй хъусын кӕны барадхъахъхъӕнӕг уагдоны пресс-службӕ.

МХМ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.05.2021
Хуссар Иры МХМ фехъусын кодтой Цхинвалы цӕрӕджы хифехсыны лыстӕгдзинӕдтӕ

Уагдоны банысан кодтой, Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ кӕй сбӕрӕг кодтой фӕндагон змӕлды 193 фӕткхалды. Ӕртӕ шофыры фӕдыл сарӕзтой административон протоколтӕ автотранспорт нозтджынӕй скъӕрыны тыххӕй.

"Ныхмӕвӕрд хахмӕ рахизыны тыххӕй инспектортӕ бӕрнмӕ ӕркодтой ӕртӕ шофыры, фӕндагон нысӕнттӕ фехалыны тыххӕй - 20, светофоры сырх рухсыл аскъӕрыны тыххӕй - 35, ӕнӕ ӕмбӕлон документтӕй скъӕрыны тыххӕй та 23 шофыры", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Афтӕ ма, 10-ӕй 17-ӕм маймӕ республикӕйы территорийыл регистрацигонд ӕрцыд иу фыдракӕнд. Ӕхсӕнадон фӕтк фехалыны тыххӕй МХМ кусджытӕ ӕрурӕдтой фондз адӕймаджы, уыдонӕй дыууӕйы ныхмӕ ист ӕрцыдысты административон ӕфхӕрдтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0