Парламент ӕркӕсдзӕн дыууӕ депутаты нӕфӕцагайгӕдзинад ацух кӕныны фӕдыл куырдиатмӕ

© Sputnik / Наталья АйриянРХИ парламенты сесси
РХИ парламенты сесси - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.05.2021
Рафыссын
Плиты Александр ӕмӕ Санахъоты Давиды депутатон нӕфӕцагайгӕдзинад ацух кӕныны фӕдыл куырдиат ӕрбацыд парламентмӕ Дзӕгъиаты Уырызмӕг нырма генпрокурор куы уыд, уӕд. Вице-спикер бамбарын кодта, Дзӕгъиаты Уырызмӕджы бафысгӕ куырдиатмӕ ӕртыццӕджы цӕмӕн ӕрксӕдзысты, уый

ЦХИНВАЛ, 18 мая – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламент ӕртыццӕджы ӕркӕсдзӕн генералон прокуроры дыууӕ куырдиатмӕ депутатон нӕфӕцагайгӕдзинадӕй ацух кӕныны фӕдыл.

Фарон сентябры Генпрокуратурӕ фехъусын кодта, республикӕйы Уӕлдӕр тӕрхондонмӕ кӕй барвыстой куырдиӕттӕ вице-спикер Плиты Александр ӕмӕ депутат Санахъоты Давиды фӕдыл. Санахъоты Давиды азымджын кӕнынц публикон ралӕуды рӕстӕджы мӕнг дзурыны, Плиты Александры та документты мӕнгарӕзт ӕмӕ бамбӕхсты.

"Генпрокуроры куырдиат Плиты Александр ӕмӕ Санахъоты Давиды депутатон нӕфӕцагайгӕдзинадӕй ацух кӕныны фӕдыл парламентмӕ ӕрбацыдысты раздӕр, генералон прокурор нырма Дзӕгъиаты Уырызмӕг куы уыд, уӕд. Мах ныддаргъ кодтам ацы фарстытӕм ӕркаст республикӕйы уавӕры тыххӕй. Алцыдӕр дзы у законмӕ гӕсгӕ, фехӕлдтӕ дзы нӕй. Ӕмӕ абон парламенты президиум аскъуыддзаг кодта рахӕссын ацы фарст сессимӕ", - фехъусын кодта Sputnik фыццаг вице-спикер Гасситы Петр.

 стоматолог - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.05.2021
Стоматологтӕ ӕрӕх сабиты кӕй нӕ райсынц, ууыл ӕруынаффӕ кодтой Хуссар Иры депутаттӕ
Гасситы Петр бахахх кодта, зӕгъгӕ, хъӕуы ӕмбарын, депутаты нӕфӕцагайгӕдзинад ӕмӕ мандатӕй ацух кӕнын сты хицӕн цаутӕ.

"Генпрокуроры куырдиат хорзыл банымайой ӕви нӕ, уӕддӕр Санахъоты Давид ӕмӕ Плиты Александрӕн ис бар дарддӕр ӕххӕст кӕнын сӕ депутатон хӕслӕвӕрдтӕ", - бафтыдта уый.

Парламенты сессийыл, кӕцы нывӕндынц ауадзын ӕртыццӕджы, 19 майы, ӕркӕсдзысты президенты куырдиатмӕ дӕр Багаты Магомеды кандидатурӕйы фӕдыл генералон прокуроры бынатмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0