Ӕртӕ мин экспонаты ӕмӕ XVII ӕнусы бӕстыхай: Ленингоры районы ацыд "Музейты ӕхсӕв"

© Sputnik / Ада БагианЛенингоры районы ацыд "Ӕхсӕв музейы" акци
Ленингоры районы ацыд Ӕхсӕв музейы акци - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.05.2021
Рафыссын
Уазджытӕн фадат уыд фенын рагон историон экспонаттӕ ӕмӕ номдзыд нывгӕнджыты куыстытӕ, радзырдтой районы администрацийы

ЦХИНВАЛ, 20 май — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы историон бӕстӕзонӕн музей бамбал ис ӕхсӕнадӕмон акци "Музейты ӕхсӕв"-мӕ, фехъусын кодта Sputnik районы пресс-службӕйы кусӕг Кокойты Анжела.

© Пресс-служба Ленингорского района РЮОАкция "Ночь музеев" в поселке Ленингор
Ӕртӕ мин экспонаты ӕмӕ XVII ӕнусы бӕстыхай:  Ленингоры районы ацыд Музейты ӕхсӕв - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.05.2021
Акция "Ночь музеев" в поселке Ленингор

Акци районы цӕуы ныр цыппӕрӕм аз.

"Дысон ӕхсӕв йӕ дуӕрттӕ бакодта Ленингоры районы историкон бӕстӕзонӕн музей. Музейы хӕзнадоны ис ӕртӕ мин экспонаты онг. XVII ӕнусы бӕстыхайы ӕддаг бакаст бахъахъхъӕд ӕрцыд. Уазджытӕн сарӕзтой экскурситӕ, фенын сын кодтой рагон артефакттӕ, ӕлыг марды чырынтӕ, хӕдзарон мигӕнӕнтӕ", - загъта уый.

Ныхасӕмбалы ныхӕстӕм гӕсгӕ, акцийы сӕйраг нысан у цымыдис сӕвзӕрын кӕнын историон экспонаттӕм.

"Мадзалы рӕстӕджы ма музейы фенӕн уыд номдзыд нывгӕнджыты куыстытӕ, сӕ нымӕцы Уӕрӕсейы адӕмон нывгӕнӕг Бедойты Шалвайы нывтӕ", - бафтыдта Кокойты Анжела.

Мадзал бацӕттӕ кодта Ленингоры районы культурӕйы хайад.

© Sputnik / Ада Багиан Ленингоры районы ацыд "Ночь в музее"-йы акци
Ӕртӕ мин экспонаты ӕмӕ XVII ӕнусы бӕстыхай:  Ленингоры районы ацыд Музейты ӕхсӕв - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.05.2021
Ленингоры районы ацыд "Ночь в музее"-йы акци

 

Ног хабӕртты лентӕ
0