Президент Дзабиты Иналы хъуыддаджы тыххӕй: фыдгӕнджытӕ ӕфхӕрдӕй нӕ аирвӕздзысты

© Sputnik / Natalia Airiyan Президент Дзабиты Иналы хъуыддаджы тыххӕй: фыдгӕнджытӕ ӕфхӕрдӕй нӕ аивӕрздзысты
Президент Дзабиты Иналы хъуыддаджы тыххӕй: фыдгӕнджытӕ ӕфхӕрдӕй нӕ аивӕрздзысты - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.05.2021
Рафыссын
Цхинвалы цӕрӕг Дзабиты Инал амард МХМ криминалон милицийы бӕстыхайы фарон августы. Уый фӕстӕ Цхинвалы ацыдысты протестон митингтӕ, уавӕр та ӕркодта дӕргъвӕтин ӕхсӕнадон-политикон кризисмӕ

ЦХИНВАЛ, 24 май – Sputnik, Козаты Диана. Бибылты Анатолий фехъусын кодта, ныфс ӕй кӕй ис, фӕдагуырд зӕгъдзӕн йӕ ныхас Дзабиты Иналы хъуыддаджы фӕдыл ӕмӕ тӕрхондон рахӕсдзӕн раст тӕрхон законмӕ гӕсгӕ.

Цхинвалы цӕрӕг Дзабиты Инал амард МХМ криминалон милицийы бӕстыхайы фарон августы. Уый фӕстӕ Цхинвалы ацыдысты протестон митингтӕ, уавӕр та ӕркодта дӕргъвӕтин ӕхсӕнадон-политикон кризисмӕ.

"Кӕйдӕр фыдракӕндон архӕйдтыты тыххӕй цъыф бакалд милицийыл, аххосджын кӕнын райдыдтой прокуратурӕ, хицауцады. Ацы фыдракӕнды аххосджынты иууылдӕр бафхӕрдзысты. Уырны мӕ, фӕдагуырд кӕй зӕгъдзӕн йӕ ныхас ӕмӕ тӕрхондон рахӕсдзӕн раст тӕрхон законмӕ гӕсгӕ", - фехъусын кодта Бибылты Анатолий.

Афтӕ ма, президент банысан кодта, МХМ кусджыты фылдӕр хай кӕй сты адӕм, кӕцытӕ цӕсгомджынӕй хӕссынц милиционеры ном, ӕмӕ республикӕйы ӕмбӕстӕгтӕ зонынц бирӕ цаутӕ, кӕцыты рӕстӕджы уыдон равдыстой сӕ хъайтардзинад.

"Фӕлӕ чидӕр, ӕвӕццӕгӕн, аскъуыддзаг кодта, милицийы бӕлвырдгӕнӕн документимӕ кӕй райста бар ахизын законы сӕрты, скъуыддзаг кӕнын адӕмы хъысмӕттӕ. Иу хатт ма мӕ фӕнды зӕрдыл ӕрбалӕууын кӕнын, службӕйон хӕслӕвӕрдтӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдонӕй бафарст дӕр уыдзӕн карздӕр", - загъта Бибылты Анатолий.

Паддзахады сӕргълӕууӕг бафтыдта, зӕгъгӕ, барадхъахъхъӕнджыты куыстӕн хорз саргъ кӕнӕн ис, адӕм президентмӕ куы нал дзурой рӕстдзинад ссарыны фӕдыл, уӕд.

Ног хабӕртты лентӕ
0