Хуссар Иры фыццаг хатт ратдзысты Абайты Уасойы Паддзахадон преми

© Sputnik / Наталья АйриянАбайты Уасойы хӕдзар-музей
Абайты Уасойы хӕдзар-музей - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.05.2021
Рафыссын
Преми фыццаг хатт ратдзысты ацы аз, стӕй преми раттыны фӕдыл конкурс арӕзт цӕудзӕн алы фондз азы дӕр

ЦХИНВАЛ, 24 май – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий йӕ барамындӕй бындур ӕрӕвӕрдта Абайты Уасойы номыл Паддзахадон премийӕн, уый фыццаг хатт ратдзысты ацы аз. Фидӕны преми раттыны тыххӕй конкурстӕ арӕзт цӕудзысты алы фондз азы дӕр.

Битарты Зоя - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.12.2020
Битарты Зоя йӕ ног чиныджы тыххӕй: мыхуыр æрцæудзæн Абайты Уасойыл фыст ӕрмæг иууылдӕр

Паддзахадон хорзӕх лӕвӕрд цӕудзӕн ирон филологи ӕмӕ историон зонӕдты къабазы хуыздӕр куыстыты автортӕн. Уый тыххӕй бӕстӕйы сӕргълӕууӕг фехъусын кодта йӕ ныстуаны адӕм ӕмӕ парламентмӕ.

"Ацы мадзалы нысан у ӕрмӕст зындгонд ирон ахуыргондӕн скад кӕнынмӕ нӕ, фӕлӕ ма ног зонадон иртӕстытӕм сразӕнгард кӕнын, фӕфылдӕр кӕнын ирон зонады ӕхсӕнадон престиж", - загъта уый.

Президент зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, ивгъуыд аз республикӕйы кӕй банысан кодтой зындгонд генийы райгуырдыл 120 азы сӕххӕст. Фӕлӕ, хъыгагӕн, пандеми фадат нӕ радта юбилейон мадзӕлттӕ ауадзынӕн.

"Фӕлӕ, иумӕйагӕй сисгӕйӕ, мах уӕддӕр аккагӕй сӕмбӕлдыстӕм ацы бӕрӕгбоныл. Баконд ӕрцыд Абайты Уасойы хӕдзар-музей, кӕцы ныппырх 2008 азы гуырдзиаг-ирон хӕсты фӕстиуӕгӕн", - банысан кодта Бибылты Анатолий.

Афтӕ ма уый фехъусын кодта, ЗИИ ахуырадон советы скъуыддзагмӕ гӕсгӕ филолог Бибарты Зойя кӕй баццӕттӕ кодта цыппартомон рауагъд, кӕцы нывонд у Уасойы зонадон сфӕлдыстадӕн. Уый ӕввахс рӕстӕджы бавдисдзысты республикӕйы зонадон ӕхсӕнадӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0