Цхинвалы ӕвзонг техникты станц ауадздзӕн мастер-класстӕ Сывӕллӕтты хъахъхъӕныны бон

© Sputnik / Наталья АйриянӔвзонг техникты станц
Ӕвзонг техникты станц  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.06.2021
Рафыссын
Мастер-класстӕ ӕмӕ равдыстӕй дарддӕр, сывӕллӕттӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсынц алыгъуызон хъӕзтытӕ, кӕцытӕ сарӕзтой ӕвзонг техниктӕ

ЦХИНВАЛ, 1 июн — Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Цхинвалы ӕвзонг техникты станцы ацӕудзысты алыгъуызон кружокты специалистты мастер-класстӕ, фехъусын кодта Sputnik ӕвзонг техникты станцы директор Калаты Нариман.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Сывӕллӕтты хъахъхъӕныны бонӕн нывонд мадзал ацӕудзӕн станцы кӕрты 16.00 сахатыл.

"Мастер-класстӕ ацӕудзысты нывӕфтауын, робототехникӕ, хъӕдӕрмӕгыл зынгӕй ныв кӕнын, зырнгусӕджы хъуыддагӕй. Ноджы ма нӕм ацӕудзӕн равдыст, цы ран бавдисдзысты ӕвзонг мастерты куыстытӕ", - банысан кодта Калаты Нариман.

Ӕвзонг техникты станцы директор бахахх кодта, мастер-классты фӕстӕ сывӕллӕтӕм кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц алыгъуызон хъӕзтытӕ, кӕцытӕ сарӕзтой станцы ахуырдзаутӕ, сӕ нымӕцы "Ханойская башня". Ацы хъазт у тынг популярон рӕзгӕ фӕлтӕры хсӕн. Уымӕй дарддӕр ма бавдисдзысты хъазт "доска-лабиринт".

Мастер-классты рӕстӕджы хъӕдӕрмӕгӕй цы куыстытӕ саразой, уыдон сывӕллӕттӕ ахӕсдзысты семӕ куыд зӕрдылдарӕн лӕвӕрттӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0