Хуссар Иры иу суткӕмӕ рабӕрӕг кодтой дыууӕ ног рынчыны коронавирусӕй

© Sputnik / Илья Питалев /  Ахизын медиабанкмæCOVID-19
COVID-19 - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.06.2021
Рафыссын
Ӕдӕппӕт пандемийы рӕстӕджы республикӕйы фӕрынчынуӕвджыты иумӕйаг нымӕц схызт 3343 онг, сӕнӕниз сты 3329 пациенты

ЦХИНВАЛ, 1 июн — Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд майрӕмбоны рабӕрӕг кодтой иу ног рынчыны коронавирусӕй, фехъусын кодта Sputnik дыццӕджы республикӕйы сӕйраг санитарон уагдоны сӕргълӕууӕг Коцты Марина.

Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.05.2021
Цӕгат Ирмӕ ӕрластой коронавирусы ныхмӕ ног вакцинӕ "КовиВак"

Уый бамбарын кодта, улæфт бонты "Югосетпотребнадзор"-ы ПЦР-лабораторийы кæй нæ сарæзтой тесттæ, къуырисæр ӕмӕ дыццӕджы иртæстты тыххæй та фехъусын кæндзысты сом райсом.

"COVID-19 рабӕрӕг кӕныны фӕдыл майрӕмбоны цы 31 тесты сарӕзтой, уыдонӕй дыууӕ равдыстой вирусы уӕвынад", - загъта Коцты Марина.

Уый бафтыдта, майрӕмбоны медицинон хыгъдӕй иу адӕймаджы дӕр кӕй нӕ систой, пандемийы рӕстӕджы сӕнӕнизуӕвджыты иумӕйаг нымӕц схызт 3329 онг. Дохтырты хъусдарды бын ма стационарон ӕмӕ амбулаторон хоскӕнынадыл сты 14 адӕймаджы.

Республикӕйы пандемийы рӕстӕджы ӕдӕппӕт сарӕзтой 22 796 тесты коронавирусон инфекци рабӕрӕг кӕныны фӕдыл, уыдонӕй 3 343 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг.

Ног хабӕртты лентӕ
0