Хуссар Иры Хъахъхъӕнынады министрад: "АрМИ-2021"-мӕ ацӕудзысты иууыл хуыздӕртӕ

© Sputnik / Виталий Белоусов /  Ахизын медиабанкмæ"АрМИ-2020"
АрМИ-2020 - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.06.2021
Рафыссын
Ӕвзарӕн ерысты хайад райсдзысты республикӕйы Хъахъхъӕнынады министрады алы дӕлхайады ӕфсӕддонтӕ, уыдонӕй иууыл хуыздӕртӕ ацӕудзысты "АрМИ-2021"-мӕ

ЦХИНВАЛ, 1 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министрад ауадздзӕн ӕвзарӕн фӕлварӕнтӕ Ӕхсӕнадӕмон ӕфсӕддон хъӕзтыты "АрМИ-2021" конкурсты хайад райсыны тыххӕй, хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.

Хуссар Иры райдыдта уалдзыгон ӕрсидт ӕфсадмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.05.2021
Хуссар Иры райдыдта уалдзыгон ӕрсидт ӕфсадмӕ

Ӕвзарӕн ерыстӕ ацӕудзысты июнь-июлы, уым хайад райсдзысты Хъахъхъӕнынады министрады алы дӕлхайады ӕфсӕддонтӕ.

"Ӕсхӕнадӕмон ӕфсӕддон-спортивон ерысты финалон этапты, кӕцытӕ ацӕудзысты Уӕрӕсейы Федерацийы алыгъуызон регионты, тох кӕндзысты РХИ Хъахъхъӕнынады министрады алы дӕлхайӕдты иууыл хуыздӕр ӕфсӕддонтӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Ӕвзарӕн ерысты рӕстӕджы пайда кӕндзысты Хъахъхъӕнынады министрады ахуырадон-материалон базӕйӕ, бафтыдтой уагдоны.

Хуссар Ирыстон ацы аз дыккаг хатт райсдзӕн хайад Ӕхсӕнадӕмон ӕфсӕддон хъӕзтыты, кӕцытӕ райдайдзысты августы ӕмӕ ацӕудзысты 15 бӕстӕйы территорийыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0