Цхинвалы ссардтой ӕбӕрӕг нӕлгоймаджы мӕрдон буар

© Sputnik / Natalia Airiyan Горӕты цад
Горӕты цад - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.06.2021
Рафыссын
Ныртӕккӕ бӕрмг цӕуынц нӕлгоймаджы ном ӕмӕ мыггаг. Цауы бынаты кусынц барадхъахъхъӕнӕг ӕмӕ уӕлвӕткон уагдӕтты минӕвӕрттӕ

ЦХИНВАЛ, 2 июн – Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Цхинвалы цады цур ӕртыццӕджы райсомӕй ссардӕуыд ӕбӕрӕг нӕлгоймаджы мӕрдон буар, фехъусын кодтой Sputnik УУМ радгӕсон хайады.

"Ныртӕккӕ бӕрӕг цӕуынц нӕлгоймаджы ном ӕмӕ мыггаг. Цауы бынаты кусынц барадхъахъхъӕнӕг органты  минӕвӕрттӕ ӕмӕ ирвӕзынгӕнджытӕ", - радзырдтой министрады.

Уӕлвӕткон уагдоны бамбарын кодтой, мӕрдон буар кӕй ссардтой горӕты цӕрӕг, кӕцы йӕ цуанонимӕ тезгъо кодта цады цур.

Ног хабӕртты лентӕ
0