Дзабиты Иналы хъуыддаджы фӕдыл зæрдæхсайгæтæ ногӕй расидтысты нӕхӕрын

© Sputnik / Алексей Филиппов /  Ахизын медиабанкмæДзабиты Иналы хъуыддаджы фӕдыл зæрдæхсайгæтæ ногӕй расидтысты нӕхӕрын
Дзабиты Иналы хъуыддаджы фӕдыл зæрдæхсайгæтæ ногӕй расидтысты нӕхӕрын - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.06.2021
Рафыссын
МХМ криминалон милицийы кусджытӕ, кӕцытӕ сты рӕстӕгмӕ дарӕн изоляторы, майы райдайӕны дӕр расидтысты нӕхӕрын, фӕлӕ йӕ ӕрурӕдтой иу къуырийы фӕстӕ

ЦХИНВАЛ, 3 июн - Sputnik. Цхинвалы цӕрӕг Дзабиты Иналы амарыны хъуыддаджы фӕдыл зæрдæхсайгæтæ 1 июны ногӕй барвыстой Генпрокуратурӕмӕ куырдиат нӕхӕрын расидыны тыххӕй, хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.

МХМ рæстæгмæдарæн изолятор - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.05.2021
Дзабиты Иналы амарыны зæрдæхсайгæтæ расидтысты нæхæрын

Куырдиат бафыстой ӕхсӕз ахӕстӕй цыппар – Къозонты Сергей, Багаты Алан, Сланты Ирбег ӕмӕ Хуыгаты Марат.

"Нӕхӕрын расидыны аххосаг зæрдæхсайгæтæ рахуыдтой уый æмæ ахст кæй сты æнæзаконæй, æнæаххосæй, зæгъгæ сæ азымджын кæнынц цы фыдракæнд нæ сарæзтой, уым", - банысан кодтой прокуратурӕйы пресс-службӕйы.

Уымӕй дарддӕр, куырдиӕтты нысангонд ӕрцыд, 27 майы тӕрхондон кӕй ауагъта ӕхӕд рабадт, кӕцыйы тыххӕй сын развӕлгъау нӕ фехъусын кодтой.

"Ацы уавӕрты цыппар зӕрдӕхсайгӕйы расидтысты нӕхӕрын, цалынмӕ сын сӕ тӕрхон ма раивой, уӕдмӕ. Афтӕ ма уыдон ӕрдомдтой фембӕлын дзыллон информацион фӕрӕзты минӕвӕрттимӕ, Хуссар Ирыстоны парламенты алкӕцы фракцийы депутатимӕ ӕмӕ зианбаййафӕг фарсимӕ, цӕмӕй сын фехъусын кӕной рӕстдзинад ӕнӕзаконӕй ахст кӕй сты, уый тыххӕй", - дзырдӕуы уагдоны хъусинаджы.

зæрдæхсайгæтæн ахӕстоны администрацимӕ претензитӕ нӕй. Нӕхӕрын расидыны фӕстӕ уыдон бон дыууӕ хатт басгары дохтыр. 3 июньмӕ уыдоны ӕнӕниздзинад у рӕстӕмбис.

Амӕйразмӕ, 9 майы, Дзабиты Иналы хъуыддаджы фӕдыл ӕхсӕззӕрдӕхсайгӕйы расидтысты нӕхӕрынӕнӕзаконӕй ахст кӕй сты, уый тыххӕй. Куырдиат бафыстой Наниты Ацӕмӕз, Къозонты Сергей, Багаты Алан, Джиоты Андрей, Сланты Ирбег ӕмӕ Хуыгаты Марат. Уыдон ӕрурӕдтой нӕхӕрын къуырийы фӕстӕ, 17 майы.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0