Номдзыд уӕрӕсейаг актрисӕ Нонна Гришаева ӕрцӕудзӕн Хуссар Ирмӕ

© Sputnik / Екатерина Чеснокова /  Ахизын медиабанкмæПремьера фильма "Спасите Колю!" в Москве
Премьера фильма Спасите Колю! в Москве - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.06.2021
Рафыссын
Актрисӕ хайад райсдзӕн Уӕрӕсейы боны цытӕн мадзӕлтты Хуссар Ирыстоны – Гришаева бавдисдзӕн республикӕйы цӕрджытӕн йӕ киноныв "Спасите колю" ӕмӕ ауадздзӕн сфӕлдыстадон фембӕлд Паддзахадон театры

ЦХИНВАЛ, 4 июн — Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Театр ӕмӕ кинойы уӕрӕсейаг актрисӕ Нонна Гришаева хайад райсдзӕн мадзӕлтты, кӕцытӕ нывонд сты Уӕрӕсейы бонӕн, радзырдта Sputnik Россотрудничествойы минӕварады разамонӕг Хуссар Ирыстоны Сергей Скворцов.

Хуссар Ирыстоны театр  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.06.2021
Хуссар Иры театры къухдариуӕггӕнӕг радзырдта, кӕд уыдзӕн "Фӕстаг ӕвдисӕны" премьерӕ

Артисткӕ ӕрцӕудзӕн республикӕмӕ кинофестиваль "Хрустальный источник"-ы фӕлгӕтты.

"Ацы фестивалы фӕлгӕтты уӕрӕсейаг номдзыд артисттӕ цӕуынц гастрольты дунейы алыгъуызон горӕттӕм ӕмӕ бавдисынц сӕ кинонывтӕ, ауадзынц сфӕлдыстадон фембӕлдтӕ", - загъта Скворцов.

Ахӕм фембӕлдтӕ ацыдысты Абхазы дӕр, цы ран хайад райстой актрисӕ Екатерина Волкова ӕмӕ режиссер Максим Дашкин.

"Хрустальный источник"-ы программӕйы фӕлгӕтты 9 ӕмӕ 10 июны Хуссар Ирыстоны ралӕудзӕн Уӕрӕсейы сгуыхт артисткӕ Нонна Гришаева. Киноконцертон зал "Чермен"-ы 9 июны 18.00 сахатыл уый бавдисдзӕн йӕ киноныв "Спасите Колю", кӕцы нырма нӕ рацыд прокаты", - банысан кодта Россотрудничествойы сӕргълӕууӕг.

Залмӕ бацӕуӕн уыдзӕн хуынды билеттӕм гӕсгӕ, кӕцытӕ сорганизаци кӕндзӕн Россотрудничество.

"Афтӕ ма 10 июны 12.00 сахатыл сывӕллӕттӕ ӕмӕ сӕ ныййарджытӕн ӕнӕаргъӕй равдисдзысты "Союзмультфильм" киностудийы мультфильмтӕ. Уыцы бон ма, 16.00 сахатыл ацӕудзӕн Нонна Гришаевайы сфӕлдыстадон фембӕлд Хетӕгкаты Къостайы номыл Паддзахадон драмон театры", - загъта уый.

Скворцов бафтыдта, зӕгъгӕ, мадзал сорганизаци кодта Россотрудничествойы минӕварад, Хуссар Ирыстоны культурӕйы министрад ӕмӕ уӕрӕсейаг ӕмбӕстӕгты Координацион совет Хуссар Ирыстоны.

Ног хабӕртты лентӕ
0