Хуссар Иры иу суткӕмӕ сбӕрӕг кодтой дыууӕ ног рынчыны коронавирусӕй

© Sputnik / Илья Питалев /  Ахизын медиабанкмæ COVID-19
 COVID-19 - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.06.2021
Рафыссын
Республикӕйы пандемийы рӕстӕджы ӕдӕппӕт сарӕзтой 23 минӕй фылдӕр тесты коронавирусон инфекци рабӕрӕг кӕныны фӕдыл, уыдонӕй 3 357 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг

ЦХИНВАЛ, 8 июн— Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы сбӕрӕг кодтой дыууӕ ног рынчыны коронавирусон инфекцийӕ, фехъусын кодта Sputnik дыццӕджы Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕг Коцты Марина.

"COVID-19 рабӕрӕг кӕныны фӕдыл цы 66 тесты сарӕзтой, уыдонӕй дыууӕ равдыстой вирусы уӕвынад", - загъта Коцты Марина.

Санитарон уагдоны сӕргълӕууӕг бафтыдта, медицинон хыгъдӕй ивгъуыд суткӕйы систой иу пациенты, пандемийы рӕстӕджы сӕнӕнизуӕвджыты иумӕйаг нымӕц схызт 3 333 онг. Медикты хъусдарды бын ма стационарон ӕмӕ амбулаторон хоскӕнынадыл сты 24 адӕймаджы.

Республикӕйы пандемийы рӕстӕджы ӕдӕппӕт сарӕзтой 23 минӕй фылдӕр тесты коронавирусон инфекци рабӕрӕг кӕныны фӕдыл, уыдонӕй 3 357 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг.

Ног хабӕртты лентӕ
0