Судмедэксперт Зӕгъойты Зӕринӕ фехъусын кодта, кӕй хъахъхъӕндзӕн йӕ бартӕ

© SputnikЗӕгъойты Зӕринӕ
Зӕгъойты Зӕринӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.06.2021
Рафыссын
Судмедэксперты ныхмӕ, кӕцы сарӕзта справкӕ Дзабиты Иналы мӕлӕты аххосӕгты фӕдыл, генералон прокуратурӕ бакодта уголовон хъуыддаг

ЦХИНВАЛ, 8 июн – Sputnik, Козаты Диана. РБМЦ суцдмедэксперт Зӕгъойты Зӕринӕ фехъусын кодта, кӕронмӕ кӕй хъахъхъӕндзӕн йӕ бартӕ. Дыццӕджы уый ӕрбацыд парламентмӕ, цӕмӕй зӕгъа йӕ позици генералон прокуратурӕ йӕ ныхмӕ цы уголовон хъуыддаг бакодта, уый фӕдыл.

Зӕгъойты Зӕринӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.06.2021
Дзабиты Иналы хъуыддаджы фӕдыл судмедэксперты аххосджын кӕнынц йӕ барты сӕрты ахизыны

Генпрокуратурӕйы знон фехъусын кодтой: басгӕрст рабӕрӕг кодта, эксперт Зӕгъойты Зӕринӕ 2020 азы 30 августы мӕнг зонӕнты бындурыл кӕй бацӕттӕ кодта ӕмӕ радта справкӕ. Уыимӕ иумӕ, уым нӕ банысан кодтой, цавӕр мӕнг зонӕнтӕ бахаудысты уагдоны хъусдарды бын.

"Знон социалон хызӕгты базыдтон, кӕй мыл бакодтой уголовон хъуыддаг. Фӕстӕдӕр изӕры мӕм ӕрбацыд куырдиат, ӕз йемӕ базонгӕ дӕн, фӕлӕ разы нӕ дӕн йемӕ. Уыд дзы информаци, ома ӕз ацы справкӕ радтон 30 августы. Фӕлӕ ӕз алыхатт дӕр зӕрдыл ӕрбалӕууын кӕнын, справкӕ кӕй радтон 28 августы, Дзабиты Иналы мӕлӕты бон", - загъта Зӕгъойты Зӕринӕ.

Уый ма банысан кодта, ацы справкӕйы мӕнг зонӕнтӕ кӕй нӕй, уым ис Дзабиты Иналы буары развӕлгъау ӕддагон басгӕрст, ӕмӕ кӕронбӕттӕн документмӕ ацы гӕххӕтт ницы ахаст дары.

Уыимӕ иумӕ, Зӕгъойты Зӕринӕ фехъусын кодта, ахӕм справкӕтӕ дӕттын кӕй ссис хуымӕтӕг практикӕ, уыдон бирӕ хатт-иу радтой Генпрокуратурӕйы фӕдагурджыты куырдиатӕй.

"Уыдон бамбарын кодтой, кӕронбӕттӕн документӕн хъӕуы бирӕ рӕстӕг – 30 бонмӕ ӕввахс. Ӕмӕ сӕ справкӕ хъӕуы, цӕмӕй йӕ зоной, ис зианбаййафӕджы буарыл цӕфтӕ ӕви нӕ. Ацы практикӕйӕ спайда кодтой Дзабиты Иналы хъуыддаджы дӕр", - банысан кодта судмедэксперт.

Уымӕй дарддӕр, Зӕгъойты Зӕринӕ бахахх кодта, кӕронмӕ кӕй хъахъхъӕндзӕн йӕ бартӕ. Уый фехъусын кодта, абон кӕй бадӕтдзӕн куырдиат генералон прокуроры ӕмӕ парламенты спикеры номыл.

"Мӕн фӕнды, цӕмӕй мӕ сымах хъахъхъӕнат законмӕ гӕсгӕ", - бадзырдта Зӕринӕ депутаттӕм.

Судмедэксперты законон минӕвар Гӕбӕраты Тамара ракуырдта генпрокуратурӕйӕ лӕмбынӕгдӕр ӕркӕсын ацы хъуыддагмӕ.

Вице-спикер Плиты Александр дӕр бадзырдта генералон прокурормӕ, цӕмӕй уый радта информаци Зӕгъойты Зӕринӕйы бафарсты видео социалон хызӕгты куыд фӕзынд, уый тыххӕй, ӕмӕ куыд бафхӕрдзысты аххосджынты.

Ног хабӕртты лентӕ
0