ХИПУ ректор студенттӕ-актерты тыххӕй: тагъд рӕстӕджы хъаздзысты сӕйраг рольты

© Sputnik / Наталья АйриянСценӕ
Сценӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.06.2021
Рафыссын
Sputnik пресс-конференцийы рӕстӕджы Тедеты Вадим загъта йӕ хъуыды ХИПУ-йы актерон дӕсниады факультетмӕ студентты райсыны тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 11 июн - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Студенттӕ, кӕцытӕ ахуыр кӕнынц актерон дӕсниад ХИПУ-йы, сӕхи ӕвдисынц иттӕг хорз, фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ректор Тедеты Вадим Sputnik Хуссар Ирыстоны пресс-конференцийы рӕстӕджы.

 Цхинвалы ацыд Дон Жуан-ы премьера - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.06.2021
Бӕрзонддӕр ӕмвӕзадыл куыст: Цхинвалы ацыд "Дон Жуан"-ы премьерæ

Дӕсниад "Актерон аивад" бакодтой ХИПУ-йы 2020 азы. Дӕсниады фӕдыл дисциплинӕтӕ студенттӕн уадзынц Хуссар Ирыстоны Паддзахадон драмон театры актертӕ.

Тедеты Вадим банысан кодта, ахуыргӕнджытӕ кӕй уадзынц фидӕны актертимӕ уӕлӕмхасӕн ахуыртӕ.

Ректоры ныхӕстӕм гӕсгӕ, актерон дӕсниад сахуыр кӕныны ӕмгъуыд у цыппар азы. Уый фидарӕй загъта, иу-дыууӕ азы фӕстӕ фидӕны актертӕн уыдзӕн фадат ӕххӕст кӕнын сӕйраг рольтӕ ӕмӕ банысан кодта, спектакль "Дон Жуан"-ы фӕсивӕд сӕхи иттӕг хорз равдыстой дыккаг планы рольты.

Тедеты Вадим зӕрдыл ӕрбалӕууын кодта, "Актерон аивад" дӕсниадмӕ абитуриентты райстой ӕрмӕст иу хатт, курс бакӕныны фӕдыл хъӕппӕрис та бахаста Хетӕгкаты Къостайы номыл Паддзахадон драмон театр.

"Махӕн ныр иууыл ахсджиаг у, цӕмӕй рауагъдонтӕ бахизой театралон труппӕйы скондмӕ. Уый фӕстӕ кӕд бахъӕуа, уӕд бакӕндзыстӕм ноджы иу курс", - банысан кодта ректор.

Пресс-конференцимӕ фӕхуыдтой студентон советы сӕрдар Кокойты Аннайы дӕр, кӕцы банысан кодта, ахуыргӕнӕндоны кӕй ис алы уавӕртӕ дӕр студентты сфӕлдыстадон нывӕзтыты реализацийӕн.

Кокойты Анна ма бахахх кодта, кӕй йӕ фӕнды уынын университеты фылдӕр активон ӕмӕ уӕздан студентты.

© SputnikКокойты Анна
ХИПУ ректор студенттӕ-актерты тыххӕй: тагъд рӕстӕджы хъаздзысты сӕйраг рольты - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.06.2021
Кокойты Анна
Ног хабӕртты лентӕ
0