Хуссар Иры азы райдианӕй фӕстӕмӕ дыккаг хатт схызт ӕртаджы аргъ

© Sputnik / Диана КозаеваЦхинвалы паддзахадон ӕртагкӕнӕн станц
Цхинвалы паддзахадон ӕртагкӕнӕн станц - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.06.2021
Рафыссын
Унитарон куыстуат "Югосетнефтепродукт" дыццӕгӕй ӕртаг уӕй кӕны ног ӕргътӕм, хисӕрмагонд ӕртагкӕнӕн станцты та фӕфылдӕргон тарифтӕ бахастой цалдӕр боны размӕ

ЦХИНВАЛ, 15 июн – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны паддзахадон ӕртагкӕнӕн станцты АИ-92 бензины аргъ схызт ӕртӕ сомы, ныр йӕ литр уӕй цӕудзӕн адӕмӕн 43 сомӕй, уагдӕттӕн та - 45 сомӕй.

Азы райдианӕй бензины аргъ фӕфылдӕр ныр дыккаг хатт. Уалдзӕджы ӕргътӕфӕфылдӕр сты цыппар сомы (36-ӕй ӕртаг схызт 40 сомы онг). Фӕлӕ кӕд уалдзӕджы дизелон ӕртаджы аргъ не схызт, уӕд абонӕй фӕстӕмӕ та фӕзынаргъдӕр ис иу сом - ныр у 44 сомы, фехъусын кодта "Югосетнефтепродукт"-ы гендиректор Джыгкайты Сослан.

"Ӕртаджы ӕргъты фӕфылдӕр аххосаг у, ӕввонггӕнджытӕм дӕр кӕй фӕзынаргъдӕр ис, уый", - бамбарын кодта уый.

Республикӕйы хицауады дӕр ӕрхастой ацы аххосаг ӕртаджы фӕзынаргъы тыххӕй.

Хисӕрмагонд ӕртагкӕнӕн станцты, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, бензин ӕмӕ дизелон ӕртаджы аргъ у зынаргъдӕр паддзахадонтӕм абаргӕйӕ.

© Sputnik / Диана КозаеваЦхинвалы хисӕрмагонд ӕртагкӕнӕн станц
Хуссар Иры азы райдианӕй фӕстӕмӕ дыккаг хатт схызт ӕртаджы аргъ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.06.2021
Цхинвалы хисӕрмагонд ӕртагкӕнӕн станц
Ног хабӕртты лентӕ
0