Цхинвалы банысан кӕндзысты Фӕсивӕды бон

© Sputnik / Алексей КовалевФӕсивӕды бон
Фӕсивӕды бон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.06.2021
Рафыссын
Фӕсивӕды бон нысан цӕуы ӕрвылаз Советон цӕдисы раздӕры республикӕтӕй бирӕты сӕрды фыццаг мӕйы кӕрон

ЦХИНВАЛ, 16 июн - Sputnik. Цхинвалы Театралон фӕзуатыл фидӕн хуыцаубоны, 27 июны, ацӕудзӕн Фӕсивӕды бонӕн нывонд концерт. Мадзал сорганизаци кодта Хуссар Ирыстоны фӕсивӕдон политикӕ ӕмӕ спорты фӕдыл комитет, хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.

"Концерты ралӕудзысты номдзыд зарӕггӕнджытӕ Timran, Hovanni, Batrai,Casyana ӕмӕ Zell", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Комитеты банысан кодтой, концерт кӕй ацӕудзӕн 27 июны, 19.00 сахатыл столицӕйы сӕйраг фӕзуатыл.

Фӕсивӕды бон фӕзынд 1958 азы 7 февралы. Уӕд Советон цӕдис сфидар кодта "Советон фӕсивӕды бон". Бӕрӕгбон нысан кодтой июны фӕстаг хуыцаубоны. Бирӕ ӕзты фӕстӕ, 1993 азы 24 июны, Уӕрӕсейы президент Борис Ельцин рахаста уынаффӕ "Фӕсидӕды бон нысан кӕныны фӕдыл". Уыцы бонӕй фӕстӕмӕ бӕрӕгбон райдыдтой нысан кӕнын 27 июны.

Ног хабӕртты лентӕ
0