Хуссар Иры велосипедистты къорд "Крути педали" фæнд кæны басæттын Кавказы хохæфцæг

© Из личного архива Л.ТедееваХуссар Иры велосипедистты къорд "Крути педали" фæнд кæны басæттын Кавказы хохæфцæг
Хуссар Иры велосипедистты къорд Крути педали фæнд кæны басæттын Кавказы хохæфцæг - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.06.2021
Рафыссын
Велосипедисттæ цалынмæ вазыгджын маршрутыл абалц кæной, уæдмæ уал сфæлвардзысты сæхи Цхинвалы район æмæ Къуыдаргоммæ.

ЦХИНВАЛ, 20 июн — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны велосипедистты къорд "Крути педали" фæнд кæны басæттын Кавказы хохæфцæг велосипедтыл. Спортуарзджытæ рабалц кæндзысты Цæгат Ирыстонæй Хуссар Ирмæ, фехъусын кодта Sputnik мадзалы организатортӕй иу, къахдзоныгъты Федерацийы разамонӕг Тедеты Лери.

Велосипедисттæ цалынмæ вазыгджын маршрутыл абалц кæной, уæдмæ уал сфæлвардзысты сæхи Цхинвалы район æмæ Къуыдаргоммæ.

"Къостайы хъæуы фæстæ та къаддӕр нымӕцӕй, фӕлӕ фӕразондӕр ӕмӕ фӕлтӕрдджындӕр велосипедисттимӕ абалц кӕндзыстӕм Къуайсамӕ", - дзуры ныхасӕмбал.
Хуссар Иры столицӕ Къостайы хъӕуимӕ сбӕтдзӕн велозгъорд - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.06.2021
Хуссар Иры столицӕ Къостайы хъӕуимӕ сбӕтдзӕн велозгъорд

Къорд "Крути педали" ныр дӕргъвӕтин рӕстӕг фӕнд кӕны Цӕгат Ирыстонӕй Хуссармӕ ӕрцӕуын. Ивгъуыд аз уый ныффӕстиад ис пандемийы аххосӕй, фӕлӕ йӕ ацы аз фӕнд кӕнынц сӕххӕст кӕнын.

"Нырма уал бынаты фӕлтӕрддзинад райсдзыстӕм, стӕй та нӕхи срӕвдз кӕндзыстӕм Кавказы хохӕфцӕг басӕттын - рцӕудзыстӕм Цӕгат Ирыстонӕй Хуссармӕ. Нæ нывæзт ныр дæр цæттæ цæуы, уыд мын фембæлд Цæгат Ирыстоны велосипедисттимæ, уыдон мах рахизын кæндзысты таможнæйы онг",- балхынцъ кодта уый.

Ног хабӕртты лентӕ
0