Хуссар Иры УУМ радзырдтой Транскамы уавӕры тыххӕй

© Sputnik / Наталья АйриянТранскам
Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.06.2021
Рафыссын
Транскамыл фӕндагон змӕлд тобӕгонд у дысон дыууӕ сахатӕй фӕстӕмӕ

ЦХИНВАЛ, 23 июн — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейӕ хсӕн Транскавказаг автомагистраль ӕхгӕд у фӕндагон змӕлдӕн, фехъусын кодтой Sputnik Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) радгӕсон хайады.

Транскамыл фӕндагон змӕлд тобӕгонд у дысон дыууӕ сахатӕй фӕстӕмӕ.

"Буронмӕ хӕстӕг ӕдзух цъыфы зӕйтӕ кӕм рцӕуынц, уыцы бынаты фӕзынд проблематӕ. Трубӕ сӕхгӕдта ӕмӕ фӕндаг бамбӕрзта цъыфӕй", - загътой уагдоны.

Уым ма бафтыдтой, бынаты кусынц сӕрмагонд службӕтӕ ӕмӕ боны 11 сахатмӕ фӕндаг бакӕндзысты.

Транскавказаг магистраль цӕуы бӕрзонд хӕххон фадгуытыл ӕмӕ у иунӕг фӕндаг, кӕцы иу кӕны Хуссар Ирыстон ӕддагон дунеимӕ. Трассӕйы дӕргъ у 164 километры - йӕ уӕрӕсейаг хай у 97 километры.

Ног хабӕртты лентӕ
0