Хуссар Иры коронавирус рабӕрӕг ис фараст адӕймагӕн иу суткӕмӕ

© REUTERS / AMMAR AWAD коронавирус
 коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.06.2021
Рафыссын
Ӕдӕппӕт пандемийы райдианӕй фӕстӕмӕ республикӕйы коронавирусӕй фӕрынчын сты 3460 адӕймаджы, ныртӕккӕ медикты хъусдарды бын сты 74 пациенты

ЦХИНВАЛ, 29 июн – Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Фӕстаг суткӕйы Хуссар Ирыстоны коронавирус сбӕрӕг кодтой фараст адӕймагӕн, фехъусын кодта Sputnik республикӕйы сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Марина.

Рынчындон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.06.2021
Хуссар Иры медиктӕ сидынц ӕххӕст кӕнын коронавирусы апарахаты рагфӕдзӕхсты мадзӕлттӕ

"Ивгъуыд суткӕйы "Югосетпотребнадзор"-ы лабораторийы сарӕзтой 90 тесты COVID-19 рабӕрӕг кӕныны фӕдыл, уыдонӕй фарастӕн равдыстой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг", - загъта Коцты Марина.

Уый бафтыдта, фӕстаг суткӕйы медицинон хыгъдӕй кӕй систой ӕртӕ адӕймаджы, ӕдӕппӕт та тӕссаг инфекцийӕ сӕнӕниз сты 3386 адӕймаджы. Ныртӕккӕ медикты хъусдарды бын стационар ӕмӕ амбулаторийы сты 74 пациенты.

Пандемийы райдианӕй фӕстӕмӕ республикӕйы коронавирусӕй фӕрынчынуӕвджыты иумӕйаг нымӕц схызт 3415 онг. Уагдоны ПЦР-лабораторийы инфекцион низы фӕзындӕй фӕстӕмӕ сарӕзтой 24 минӕй фылдӕр тесты коронавирус рабӕрӕг кӕныны фӕдыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0