Хуссар Иры коронавирусы тыххӕй аивтой "Ирон хъазт" ӕмӕ Ахорӕнты фестиваль

© Sputnik / Natalia Airiyan "Ирон хъазт"
Ирон хъазт  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.07.2021
Рафыссын
Столицӕйы культурӕйы управленийы банысан кодтой, ацы скъуыддзаг ист кӕй ӕрцыд республикӕйы вазыгджын эпидемиологон уавӕры тыххӕй - фӕстаг бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ иу суткӕмӕ инфекци бахӕцыд 43 адӕймагыл

ЦХИНВАЛ, 6 июл – Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Хуссар Ирыстоны аивтой кафты изӕр "Ирон хъазт" ӕмӕ ахорӕнты фестиваль "Арвырон" (мадзӕлттӕ хъуамӕ ацыдаиккой Цхинвалы дыццӕджы изӕры) вазыгджын эпидемиологон уавӕры тыххӕй, фехъусын кодта Sputnik Цхинвалы культурӕйы хайады гӕс Тасойты Игорь.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕмбӕстӕгты ӕнӕниздзинад хъуамӕ алыхатт дӕр уа фыццаг бынатыл.

"Махмӕ та ногӕй фылдӕр кӕны коронавирусӕй рынчынты нымӕц. Ӕз мӕхӕдӕг дӕр фӕрынчын дӕн ӕмӕ дӕн хӕдзары", - загъта Тасойты Игорь.

Уый ма банысан кодта, столицӕйы культурӕйы хайад кӕй аскъуыдздзаг кодта къуырийы дӕргъы ӕруромын мадзӕлттӕ ӕмӕ бакӕсын эпидемиологон уавӕрмӕ.

Вакцинаци - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.07.2021
Хуссар Иры 400-йӕ фылдӕр адӕймаджы сарӕзтой вакцинӕ "Спутник V"

"Кӕд рынчынты нымӕц фӕкъаддӕр уа, уӕд ауадздзыстӕм нывӕзтгонд мадзӕлттӕ", - бамбарын кодта Тасойты Игорь.

Хайады сӕргълӕууӕг ма банысан кодта, скъуыдздзаг ма баст кӕй у республикӕйыл ӕрцӕугӕ уӕззау зиӕнттимӕ - ивгъуыд къуырийы кӕрӕтты сӕ цардӕй ахицӕн сты адӕмон артист Дзаттиаты Анисим ӕмӕ политолог, ӕхсӕнадон архайӕг Ӕлборты Дина.

"Бӕрӕгбӕттӕ аразын раст нӕу ахӕм уӕззау зиӕнтты рӕстӕджы", - бахахх кодта Тасойты Игорь.

Хуссар Иры рацыд COVID-19-ы ног улӕн - фӕстаг бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ иу суткӕмӕ инфекци бахӕцыд 43 адӕймагыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0