Цхинвайлаг ӕвзонг сылгоймаг фервӕзын кодта сабийы дӕлдонӕй горӕты цады

© Sputnik / Natalia Airiyan Битеты Фатимӕ
 Битеты Фатимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.07.2021
Рафыссын
Дыууӕ чысыл ӕфсымӕры ивгъуыд сабаты сӕхи надтой Цхинвалы цады, лӕппутӕй хистӕр фӕтыхст ӕмӕ ацыд доны бынмӕ

ЦХИНВАЛ, 6 июл — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы цӕрӕг ӕвзонг сылгоймаг Битеты Фатимӕ фервӕзын кодта чысыл лӕппуйы горӕты цады, кӕцы доны хъазгӕйӕ фӕцӕйныгъуылд.

Цхинвалы цӕрӕг сылгоймаг фервӕзын кодта сабийы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.06.2021
Цхинвайлаг сылгоймаг фервӕзын кодта сабийы. Уый схорзӕхджын кодтой УУМ майданӕй

Ивгъуыд сабаты фыдбылыз хӕрзхӕстӕг бахъуызыд Цхинвалы Фаллагфарс районы цӕрӕг бирӕсывӕллонджын бинонтӕм.

"Уыцы бон мӕ рад нӕ уыд, фӕлӕ мын ӕй куыд радзырдтой, афтӕмӕй дыууӕ ӕфсымӕры хъазыдысты цады доны. Иуыл дзы уыд ирвӕзынгӕнӕг дарӕс, аннӕ та уыд ӕнӕ уымӕй. Хистӕр фӕтыхст ӕмӕ доны бынмӕ ацыд. Цалынмӕ ирвӕзынгӕнӕг цыд, уӕдмӕ сылгоймаг фӕразӕй ӕмӕ систа сабийы", - радзырдта ирвӕзынгӕнӕг-радгӕс.

Битеты Фатимӕ цӕры Цхинвалы Мамсырайы фырты уынгыл, изӕрыгон йӕ зӕнӕгимӕ ацӕуы улӕфӕн бынат - горӕты цады цурмӕ.  Фатимӕ профессимӕ гӕсгӕ у фармацевт, фӕлӕ йӕ сабибонты бирӕ рӕстӕг ӕрвыста Леуахийы былыл ӕмӕ хорз арӕхсы ленк кӕнынмӕ.

"Фыццаг сӕм куы фӕкомкоммӕ дӕн, уӕд мӕм афтӕ фӕкаст, цыма хъазгӕ кӕнынц, иу дзы иннӕйы 'ккой бырыд. Кӕстӕр, кӕцы уыд ирвӕзынгӕнӕг жилеты, стыхст ӕмӕ йӕ атъӕпп кодта ӕмӕ фӕхъӕр кодта "мама", иннӕ ныккуыдта ӕмӕ доны бынмӕ ацыд. Уӕд бамбӕрстон хъуыддаг бӕллӕх у", - радзырдта Sputnik Фатима.

Фатимӕ уайтагъд багӕпп кодта донмӕ ӕмӕ сласта сывӕллоны.

"Къабайы уыдтӕн фӕлӕ мӕ уый дӕр айрох, мӕ дзабыртӕ дӕр ахаудтой. Фӕлӕ сывӕллоны тагъд фелвӕстон донӕй, стӕй нӕм уӕдмӕ ӕххуысмӕ фӕзынд ирвӕзынгӕнӕг дӕр. Лӕппу аирвӕзт ӕрмӕст тасӕй", - бафтыдта уый.

© Sputnik / Natalia Airiyan Городское озеро
Цхинвайлаг ӕвзонг сылгоймаг фервӕзын кодта сабийы дӕлдонӕй горӕты цады - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.07.2021
Городское озеро

Ӕвдисӕнтӕ куыд дзурынц, афтӕмӕй лӕппуты мад уыцы рӕстӕджы архайдта йӕ ӕнахъом сабиимӕ.

Горӕты цады цур ӕдзух рады лӕууы ирвӕзынгӕнӕг, цӕмӕй улӕфӕн бынаты фыдбылыз ма 'рцӕуа.

Ног хабӕртты лентӕ
0