Хуссар Иры арӕзтады министрады радзырдтой ӕдасдзинады техникӕйы тыххӕй арӕзтадон фӕзуӕттыл

© Sputnik / Азамат КулумбеговХуссар Иры арӕзтады министрады радзырдтой ӕдасдзинады техникӕйы тыххӕй арӕзтадон фӕзуӕттыл
Хуссар Иры арӕзтады министрады радзырдтой ӕдасдзинады техникӕйы тыххӕй арӕзтадон фӕзуӕттыл - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.07.2021
Рафыссын
Арӕзтадон организациты минӕвӕрттӕ радзырдтой, куыд ӕххӕст цӕуынц ӕдасдзинады мадзӕлттӕ республикӕйы арӕзтадон фӕзуӕттыл, цӕмӕй ма 'рцӕуой ӕнамонд цаутӕ

ЦХИНВАЛ, 6 июл — Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Арӕзтадон объектыл цӕмӕй ӕнамонд цау ма ‘рцӕуа, уый тыххӕй хъӕуы бӕрнон ахаст дарын кусӕгон процессы организацимӕ ӕмӕ ӕххӕст кӕнын ӕдасдзинады техникӕ, фехъусын кодта Sputnik республикӕйы арӕзтады министрады минӕвар Къацты Сослан.

Хъайтарты уынгыл хӕдзар - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.04.2021
Цхинвалы азы кӕронмӕ сараздзысты дыууӕ фондзуӕладзыгон хӕдзары

Арӕзтадон фӕзуӕттыл кусджытӕ арӕх нӕ ӕххӕст кӕнынц ӕдасдзинады фӕтктӕ, уый та ӕркӕны ӕнамонд цаутӕм, кӕцытӕ зиан ӕрхӕссынц кусӕджы ӕнӕниздзинадӕн, афтӕ ма ӕруромынц куыст объектыл.

Ивгъуыд къуыри Хуссар Ирыстоны цӕрӕджы бакодтой РБМЦ-мӕ буары цӕфтимӕ, кӕцытӕ уый райста ӕнамонд цауы рӕстӕджы горӕты арӕзтадон объекттыл иуыл.

Къацты Сосланы ныхӕстӕм гӕсгӕ, алкӕцы арӕзтадон фӕзуаты дӕр хъуамӕ уа ӕмбонд, цӕмӕй ӕнамонд цаутӕ ма ‘рцӕуой фистӕг бӕлццонтыл.

"Кусӕг, кӕцы фехӕлдта ӕдасдзинады фӕтктӕ, зиан хӕссы ӕрмӕст йӕхицӕн нӕ, фӕлӕ ма ӕндӕр аразджытӕн дӕр", - радзырдта министрады минӕвар.

Къацты Сослан банысан кодта, ӕдасдзинады техникӕ ма ӕххӕст кӕныны тыххӕй арӕзтадон объекты хицауы гӕнӕн ис фӕивар кӕной, байсой йын йӕ лицензи ӕви йӕ ӕркӕной уголовон бӕрндзинадмӕ.

Арӕзтадон организаци СТМ-ЮГ-ы сӕйраг инженер Хъантеты Таймураз загъта Sputnik, алкӕцы арӕзтадон объектыл дӕр ис ӕдасдзинады техникӕйы журнал.

"Адӕймаг куыстмӕ куы ӕрбацӕуы, уӕд рацӕуы инструктаж объекты хистӕрӕй. Алкӕцы кусӕг дӕр ӕрвыл квартал ногӕй рацӕуы инструктаж", - загъта Хъантеты Таймураз.

Ног хабӕртты лентӕ
0