Хус кæнынц æнæдонæй: Къостайы хъæуы цæрджытæ курынц скверы нæзытæм хъусдард аздахын

© Sputnik / Лейла Дираева Къостайы хъæуы нæзытæ
 Къостайы хъæуы нæзытæ  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.07.2021
Рафыссын
Бӕлӕстӕ сагъд æрцыдысты цалдӕр азы размӕ. Фæлæ сæм фæстаг рæстæджы хъусдард кæй нал ис, уымӕ гӕсгӕ нӕзытӕ хус кӕнын райдыдтой

ЦХИНВАЛ, 7 июл - Sputnik, Дриаты Лейла. Цхинвалы районы Цъунары хъæуы, гениалон поэт Хетæгкаты Къостайы бæрæгбон кæм фæнысан кæнынц, уыцы скверы ӕнӕркастӕй хус кӕнынц хихджын бӕлӕсты талатӕ.

© Sputnik / Лейла Дираева Къостайы хъæуы нæзытæ
Хус кæнынц æнæдонæй: Къостайы хъæуы цæрджытæ курынц скверы нæзытæм хъусдард аздахын - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.07.2021
Къостайы хъæуы нæзытæ

Бӕлӕстӕ сагъд æрцыдысты цалдӕр азы размӕ. Æвзонг тала ныссадзыны фæстæ хъуамæ хорз зылд æййафа, сæ алыварс сын фæхъæуы фæлмæн кæнын, фæлæ иууыл сæйрагдæр та вæййы уыдон донæй æфсадын. Уыдон канд æрдзы рæсугъддзинадӕн не сты, фæлæ ма адæймаджы æнæниздзинадыл дæр æндавынц хæрзæрдæм.

Фæлæ сæм фæстаг рæстæджы хъусдард кæй нал ис, уымӕ гӕсгӕ нӕзытӕ хус кӕнын райдыдтой.

"Бæласмæ кæддæриддæр хъæуы æмбæлон хъусдард здахын, цæмæй мæрæй иса фаг уымæлад æмæ уа цæрдхъом. Хъыгагæн, алы аз дæр хус рæстæг ахæссы æмæ мæр нал æфсæды къæвдайы донæй. Уыцы згъуыд баххæст кæнынæн та иууыл хуыздæр амал у донхæры донæй сæм фæкæсын, фæлæ агротехникæйы уыцы хæрзиуæгæй дæр сты цух", - зæгъынц Къостайыхъæуы цæрджытæ.

Донцухӕй бӕлӕстӕн хус кæнынц сæ къалиутæ, фæлæ сæ бахсæдыныл хъуыды дæр ничи кæны. Къостайы хъӕуы цӕрджытӕ курынц бӕлӕстӕм кӕсыны куыст кӕй бӕрны ис, уыдонӕй, цӕмӕй хъуыддаг рараст кæныны тыххæй райсой æмбæлон мадзæлттæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0