Хуссар Иры ӕфсӕддонтӕ рахызтысты "Разӕсгарӕджы къахвӕнагмӕ"

© МО РЮОХуссар Иры ӕфсӕддонтӕ рахызтысты "Разӕсгарӕджы къахвӕнагмӕ"
Хуссар Иры ӕфсӕддонтӕ рахызтысты Разӕсгарӕджы къахвӕнагмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.07.2021
Рафыссын
Ерысты рӕстӕджы, кӕцытӕ сты ӕвзарӕн этап "АрМИ-2021"-ы конкурсмӕ, командӕтӕ сӕххӕст кодтой 22 фӕлварӕны

ЦХИНВАЛ, 8 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны ацыд "Отличники войсковой разведки" хъӕзтыты этап, кӕцыйы рӕстӕджы республикӕйы Хъахъхъӕнынады министрады командӕтӕ рацыдысты цӕлхдурты комплекс "Разӕсгарӕджы къахвӕндаг". Уый тыххӕй хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.

Хуссар Иры Хъахъхъӕнынады министрады ацӕудзысты ӕвзарӕн ерыстӕ АрМИ-2021 хайад райсынӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.06.2021
Хуссар Иры Хъахъхъӕнынады министрады ацӕудзысты ӕвзарӕн ерыстӕ АрМИ-2021 хайад райсынӕн

Нысангонд ӕрцыд, ӕхсӕнадӕмон ӕфсӕддон хъӕзтыты (АрМИ-2021) конкурсы хайад райсыны тыххӕй ӕвзарӕн ерысты ацы этап кӕй у иууыл вазыгджындӕртӕй сӕ иу.

"Фӕлварӕнты рӕстӕджы командӕтӕ хӕцӕнгарзимӕ, хӕстон экипировкӕ ӕмӕ имитацийы фӕрӕзтимӕ басастой 22 цӕлхдуры рӕстӕгмӕ. Цӕлхдурты нымӕцы ис вертолеты макет, алыгъуызон ӕмбондтӕ, къултӕ, ӕрдӕг пырх бӕстыхӕйттӕ ӕмӕ телгӕрӕнтӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Цыппӕрӕмы республикӕйы Хъахъхъӕнынады министрады ӕфсӕддон полигоныл командӕтӕ равдисдзысты сӕ профессионалон курдиат алыгъуызон хӕцӕнгӕрзтӕй ӕхсынӕй.

Хуссар Ирыстон ацы аз дыккаг хатт райсдзӕн хайад Ӕхсӕнадӕмон ӕфсӕддон хъӕзтыты, кӕцытӕ райдайдзысты августы ӕмӕ ацӕудзысты 15 бӕстӕйы территорийыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0