Хуссар Иры хицауадон къамис хайад райсдзӕн Уӕрӕсейы ӕмбӕстӕгты форумы

© Sputnik / Стрингер /  Ахизын медиабанкмæЛуганск
Луганск - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.07.2021
Рафыссын
Форумы фӕзуатыл ӕрдзурдзысты уӕрӕсейаг ӕмбӕстӕгты бартӕ бахъахъхъӕнын ӕмӕ среализаци кӕныны фарстытыл фӕсарӕнты

ЦХИНВАЛ, 13 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны делегаци хайад райсдзӕн Уӕрӕсейы ӕмбӕстӕгты форумы куысты, кӕцы ацӕудзӕн Луганскы ӕртыццӕджы, хъусын кӕны республикӕйы хицауады пресс-службӕ.

Хуссар Ирыстоны хицауады сӕрдары ныхӕстӕм гӕсгӕ, кӕцы лӕууы делегацийы сӕргъ, форумы фӕзуатыл ӕрдзурдзысты уӕрӕсейаг ӕмбӕстӕгты бартӕ бахъахъхъӕнын ӕмӕ среализаци кӕныны фарстытыл фӕсарӕнты, фӕтыхджындӕр кӕнын ӕхсӕнадӕмон ӕмгуыстад ӕмӕ интеграцион процесстӕ.

"Хуссар Ирыстоны цӕрджыты фылдӕр хай сты Уӕрӕсейы ӕмбӕстӕгтӕ, кӕцыты интерестӕ баст сты Луганскы форумы боны фӕткы фарстытимӕ. Нӕ хӕслӕвӕрд у пайда кӕнын алыгъуызон ӕхсӕнадӕмон фӕзуӕттӕй, цӕмӕй равдисӕм Уӕрӕсейы ӕмбӕстӕгты культурон хӕзнатӕ ӕмӕ традициты иудзинад", - хъусын кӕны Бекъойты Геннадийы ныхӕстӕ йӕ пресс-службӕ.

Делегацийы уӕнгтӕ сӕвӕрдзысты дидинтӕ "Уӕрӕсейаг бархионты" цыртмӕ, бафтыдтой пресс-службӕйы.

Ног хабӕртты лентӕ
0