Хуссар Иры парламент æркæсдзæн ЦӔК ног сæргълæууæджы кандидатурæмæ

© Sputnik / Natalia Airiyan Хуссар Иры парламенты сесси
Хуссар Иры парламенты сесси - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.07.2021
Рафыссын
Централон æвзарæн къамисы ног сконд сфидар кæныны фарстмæ депутаттæ нывæндынц æркæсын æрбалæугæ къуыри - сæрдыгон каникулты ацæуыны агъоммæ

ЦХИНВАЛ, 14 июл – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламенты уалдзыгон сессийы фæстаг рабадтыл депутаттæ æркæсдзысты Централон æвзарæн къамисы (ЦӔК) ног сконд сфидар кæныны фарстмæ.

Ацы аз июлы фæуд кæны ЦӔК архайгæ сæргълæууæг Плиты Беллайы куысты æмгъуыд. Уый ацы хæстæ æххæст кодта цалдæр æгъуыды фæд-фæдыл.

"Коронавирусимæ вазыгджын уавæрты тыххæй мах, æвæццæгæн, раздæр балхынцъ кæндзыстæм уалдзыгон сессийы куыст. Радон рабадтыл хъуамæ æркæсæм Централон æвзарæн къамисы ног сæргълæууæджы кандидатурæмæ, афтæ ма банхъарæм нæ минæвæртты къамисмæ", - загъта парламенты спикер Тадтаты Алан.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, каникулты размæ уалдзыгон сессийы фæстаг рабадт ацæудзæн æрбалæугæ къуыри.

Иннæ аз уалдзæджы Хуссар Ирыстоны ацæудзысты президентон æвзæрстытæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0