Цхинвал-Зар трассӕйыл рцыд авари. Зианбаййафджытӕ бахаудтой рынчындонмӕ

© Photo : Фото очевидцаЦхинвал-Зар трассӕйыл рцыд авари
Цхинвал-Зар трассӕйыл рцыд авари - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.07.2021
Рафыссын
Барадхъахъхъӕнӕг органты пресс-службӕйы загътой? аварийы зианбаййафӕг адӕм rӕq бахаудтой рынчындонмӕ

ЦХИНВАЛ, 19 июл — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Республикон трассӕ Цхинвал-Зарыл Тъбеты хъӕумӕ хӕстӕг шофыр нӕ сырӕхст скъӕрын ӕмӕ хӕдтулгӕ ахауд фӕсфӕд.

Дыууӕ адӕймаджы бахъыгдард сты аварийы Дзӕуджыхъӕуы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.07.2021
Дыууӕ адӕймаджы бахъыгдард сты аварийы Дзӕуджыхъӕуы

Зианбаййафджыты фӕндагон-транспортон цауы бынатӕй аласта тагъд ӕххуысы службӕ, фехъусын кодта Sputnik цауы ӕвдисӕн.

Авари 'рцыд хуыцаубоны изӕры. Цауы бынтамӕ бацыдысты Уӕлвӕткон уавӕрты министрады ӕмӕ Мидхъуыддӕгты министрады кусджытӕ.

Барадхъахъхъӕнӕг органты пресс-службӕйы фехъусын кодтой Sputnik, хӕдтулгӕ Лада Гранта ахауд дӕлбыл ӕмӕ афӕлдӕхт.

"Ис дзы цӕфтӕ, уыдон бахаудтой рынчындонмӕ", - загътой уым.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0