Агъуысты бын: Хуссар Иры столицæйы арæзт цæуы абана

© Sputnik / Фатима Плиева Цхинвалы столицæйы арæзт цæуы абана
 Цхинвалы столицæйы арæзт цæуы абана - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.07.2021
Рафыссын
Медицинон уагдоны абанайӕ дарддӕр уадзӕн сауна, фитнес, хосгӕнӕн физкультурӕ ӕмӕ ӕппӕт лӕггӕдтӕ, кӕцытӕ нырыккон уавӕрты сты абанаты

ЦХИНВАЛ, 22 июл — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы 8-ӕм июны уынгыл фидæны абана аразджытæ фæкодтой агъуысты бын. Ам сырæздзæн нырыккон хæсгæнæн центр абанаимæ, фехъусын кодта фидӕны центры разамонӕг, УЗИ-йы дохтыр Тасойты Аза.

Объект арӕзт ӕрцӕудзӕн столицӕйы фыццаг абанайы бынаты, бавнæлдтой йæм ивгъуыд аз сæрды.

"Фыццаг рады амайæм абана, фæлæ ма дзы хъуамæ уа хосгæнæн центр дæр. Йæ арæзтад нын нымад у æртæ азмæ", - загъта уый.
Цхинвалы абана - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.06.2017
Цы фесты цхинвайлаг абанатӕ

Фидæны центры хицауы ныхæстæм гæсгæ, арæзтад цæуы чысыл фæстиæттимæ.

Уымæй размæ, Тасойты Аза фехъусын кодта, зӕххы фадыг райстой, ахӕм домӕнимæ, цӕмӕй горӕт ма рацух уа абанайӕ. Медицинон уагдоны абанайӕ дарддӕр уадзӕн сауна, фитнес, хосгӕнӕн физкультурӕ ӕмӕ ӕппӕт лӕггӕдтӕ, кӕцытӕ нырыккон уавӕрты сты абанаты.

Цхинвалы 8-ӕм июны уынгыл уӕвӕг зæронд абанайæн йæ куыст раджы ныллæуыд. Бæстыхай дæр уыд мæгуырау уавæры, хæлдта горæты æддаг бакаст. Иу рӕстӕджы ма дзы скусын кодтой хӕдтулгӕты цалцӕджы центр.

Ног хабӕртты лентӕ
0