Хуссар Иры парламенты сесси нӕ ацыд кворум кӕй нӕ ӕрӕмбырд, уый тыххӕй

© Sputnik / Наталья АйриянРХИ парламенты сесси
РХИ парламенты сесси - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.07.2021
Рафыссын
Республикӕйы закондӕттӕг орган майрӕмбоны хъуамӕ ӕрӕмбырд уыдаид уалдзыгон сессийы фӕстаг рабадтмӕ сӕрдыгон каникулты размӕ

ЦХИНВАЛ, 23 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламенты сесси нӕ ацыд кворум кӕй нӕ ӕрӕмбырд, уый тыххӕй. Рабадтмӕ ӕрбацыдысты ӕрмӕстдӕр 19 депутаты.

"Сидын депутатттӕм, цӕмӕй ӕрыздӕхой барадон къабазмӕ ӕмӕ ӕрбацӕуой сессимӕ, уымӕн ӕмӕ мах стӕм адӕмӕй равзаргӕ", - фехъусын кодта ӕрӕмбырдуӕвджытӕн парламенты спикер Тадтаты Алан.

Уый бафтыдта, зӕгъгӕ, кӕцыдӕр депутаттӕ сӕвӕрдтой ультиматум, ома сесси нӕ ацӕудзӕн, кӕд ӕмӕ не ‘ркӕсой уыдон цы кандидатурӕ бахастой ЦӔК сӕргълӕууӕджы бынатмӕ, уымӕ.

РХИ парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.07.2021
Парламенты комитет сфидар кодта Гӕджиты Эмилияйы кандидатурӕ ЦӔК разамонӕджы бынатмӕ

Вице-спикер Гасситы Петр банысан кодта, парламент та ногӕй кӕй ис уавӕры, кӕцыйӕ уыдон зынтӕй рахызтысты ацы аз.

Хуссар Ирыстоны парламенты президиум майрӕмбоны рахаста сессимӕ президенты куырдиат Гӕджиты Эмилияйы кандидатурӕйы фӕдыл ЦӔК разамонӕджы бынатмӕ. Афтӕ ма сессийыл хъуамӕ ӕркастаиккой ЦӔК ног скондмӕ, кӕцымӕ бахызтысты фӕйнӕ авд минӕвары президент ӕмӕ парламентӕй.

Уымӕй дарддӕр рабадтыл нывӕндысты ӕркӕсын вейп-продукцийыл тобӕ сӕвӕрын Хуссар Ирыстоны территорийыл ӕмӕ ивындзинӕдтӕм Таможнӕйон кодексмӕ.

Амӕйразмӕ парламент нӕ уагъта сессимӕ фарон сентябрӕй 2021 азы 16 февралы онг депутатты къорд бойкот кӕй расидт, уый тыххӕй. Уыдон домдтой Дзабиты Иналы мӕлӕты раст фӕдагуырд ӕмӕ генпрокуроры отставкӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0