"Югосетпотребнадзор"-ы фехъусын кодтой ног бӕрӕггӕнӕнтӕ коронавирусы фӕдыл

© Sputnik / Илья Питалев /  Ахизын медиабанкмæCOVID-19
COVID-19 - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.07.2021
Рафыссын
Gандемийы райдианӕй COVID-19 рабӕрӕг кодтой 4167 адӕймагӕн, уыдонӕй медицинон хыгъдӕй ныридӕгӕн систӕуыд 3604 пациенты

ЦХИНВАЛ, 28 июл - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны санитарон уагдон ивгъуыд суткӕйы рабӕрӕг кодта 42 ног фӕрынчынуӕвӕджы коронавирусӕй, фехъусын кодта Sputnik ӕртыццӕджы "Югосетпотребнадзор"-ы сӕргълӕууӕг Коцты Марина.

"Республикӕйы фӕстаг суткӕ сарӕзтой 250 ПЦР-иртӕсты, уыдон COVID-19 рабӕрӕг кодтой 42 адӕймагӕн. Уый адыл пандемийы райдианӕй фӕстӕмӕ фӕрынчынуӕвджыты иумӕйаг нымӕц схызт 4167 онг", - загъта Коцты Марина.

Медицинон хыгъдӕй фӕстаг суткӕ систой 15 адӕймаджы, ӕдӕппӕт та сӕнӕниз сты 3604 пациенты. Ныртӕккӕ дохтырты хъусдарды бын сты республикӕйы 563 цӕрӕджы.

Пандемийы райдайӕнӕй фӕстӕмӕ уагдоны ПЦР-лабораторийы сарӕзтой 27 817 иртӕсты коронавирус рабӕрӕг кӕныны фӕдыл.

Санитарон уагдоны сидынц ӕххӕст кӕнын коронавирусы апарахаты профилактикӕйы фӕдыл мадзӕлттӕ ӕххӕст кӕнын. Югосетпотребнадзоры кусджытӕ иудадзыг уадзынц рейдон мадзӕлттӕ базарадон объектты ӕмӕ республикӕйы организациты, цӕмӕй басгарой оперативон штабы барфысттӕ куыд ӕххӕст цӕуынц, уый.

Ног хабӕртты лентӕ
0