Президент сфидар кодта чиновникты номхыгъд, кӕцытӕ хъуамӕ фехъусын кӕной се 'фтиӕгтӕ

© Sputnik / Наталья АйриянХицауад
Хицауад - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.08.2021
Рафыссын
Документ ист ӕрцыд коррупцийы ныхмӕ тохы тыххӕй. Паддзахадон службӕгӕнджытӕ республикӕйы историйы фыццаг хатт хыгъдлӕвӕрд ратдзысты сӕ ӕфтиӕгтӕ ӕмӕ се ‘мкъӕйтты мулкы тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 6 авг - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий бафыста барамынд паддзахадон службӕйы куысты бынӕтты номхыгъды фӕдыл, кӕцытӕм исыны рӕстӕджы паддзахадон службӕгӕнджытӕ хъуамӕ бавдисой бӕрӕггӕнӕнтӕ сӕхи ӕмӕ се ‘мкъӕйтты ӕфтиӕгтӕ ӕмӕ мулкы тыххӕй. Документ ныммыхуыр кодтой республикӕйы сӕргълӕууӕджы сайтыл майрӕмбоны.

РХИ хицауад - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.06.2021
Хуссар Иры президент сфидар кодта паддзахадон куысты бынӕтты номхыгъд

Номхыгъдмӕ бахызтысты тыхон структурӕты къухдаригад, сӕ нымӕцы МХМ, Хъахъхъӕнынады министрад, ПӔК, ӔРС, Паддзахадон хъахъхъӕнынады службӕ, Юстицийы министрад, таможнӕ, прокуратурӕ ӕмӕ УУМ.

Уымӕй дарддӕр, барамындмӕ бахаудтой бынӕттӕ, кӕцыты снысан кӕны ӕмӕ ссӕрибар кӕны президент кӕнӕ республикӕйы хицауад, афтӕ ма ӕндӕр паддзахадон службӕгӕнджытӕ, кӕцыты хӕслӕвӕрдтӕ баст сты коррупцион рисктимӕ.

Республикӕйы фарон июны райстӕуыд закон паддзахадон службӕйы фӕдыл, кӕцы хъуамӕ ӕрнывыл кӕна хицауады структурӕты куыст, афтӕ ма фадат ратдзӕн фӕфылдӕр кӕнын кусджыты мызд.

Ног хабӕртты лентӕ
0