Хуссар Иры дзюдоисткӕ ссис сӕрдыгон Спартакиадӕйы уӕлахиздзау

© Пресс-служба комитета по молодежной политике и спорту РЮОХуссар Иры дзюдоисткӕ ссис сӕрдыгон Спартакиадӕйы уӕлахиздзау
Хуссар Иры дзюдоисткӕ ссис сӕрдыгон Спартакиадӕйы уӕлахиздзау - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.08.2021
Рафыссын
Ерысты финалы Ӕлборты Алана ныддӕрӕн кодта Ольга Михеевайы Свердловскы областӕй

ЦХИНВАЛ, 11 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны дзюдоисткӕ Ӕлборты Алана ссис V сӕрдыгон Спартакиадӕйы (21 азы кары онг) уӕлахиздзау, хъусын кӕны республикӕйы фӕсивӕдон политикӕ ӕмӕ спорты фӕдыл комитеты пресс-службӕ.

Хуссар Иры спортсментӕ рамбылдтой ӕртӕ майданы дунейы чемпионаты ММА-йӕ  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.08.2021
Хуссар Иры спортсментӕ рамбылдтой ӕртӕ майданы дунейы чемпионаты ММА-йӕ

Ерыстӕ Армавиры ӕрӕмбырд кодтой 125 спортсмены Уӕрӕсейы 35 регионӕй – фӕйнӕ иу иууыл тыхджындӕр минӕвары федералон зылдтӕй алкӕцы уӕзы категорийы дӕр.

"Алана тох кодта иууыл уӕззаудӕр уӕзы категорийы (+78). Фыццаг тохы 18-аздзыд спортсменкӕ фӕуӕлахиз Красноярскы минӕвар Ольга Кравчукыл (10:0). Ӕрдӕгфиналы Алана 1 минут ӕмӕ 15 секундмӕ рамбылдта спортсменкӕйы Санкт-Петербургӕй Вероника Сараевайы. Финалы Аланамӕ ӕнхъӕлмӕ каст Ольга Михеева Свердловскы областӕй. Раздӕр уыдон фембӕлдысты Уӕрӕсейы чемпионаты 2019 азы. Уӕд фӕуӕлахиз Михеева. Ацы хатт Алана ныддӕрӕн кодта йӕ ныхмӕлӕууӕджы", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Спортсменкӕйы тренер Гӕбӕраты Автандилы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ерысты фӕстӕ Алана Уӕрӕсейы командӕйы сконды атахт Италимӕ, цы ран хайад райсдзӕн Европӕйы Кубокы. Уый фӕстӕ Ӕлборты Алан цӕттӕ кӕндзӕн дунейы фыццагадмӕ.

Уагдоны бафтыдтой, зӕгъгӕ, ӕвзонг дзюдоисткӕйы тренертӕ сты Гӕбӕраты Автандил, Гӕбӕраты Виталий ӕмӕ Тъуриты Тенгиз.

Ног хабӕртты лентӕ
0