ПДТ бавдисдзӕн спектакль "Юлий Цезарь" ӕппӕтуӕрӕсейон ӕхсӕнадӕмон фестивальмӕ

© Sputnik / Наталья АйриянПДТ бавдисдзӕн спектакль "Юлий Цезарь" ӕппӕтуӕрӕсеон ӕхсӕнадӕмон фестивальмӕ
ПДТ бавдисдзӕн спектакль Юлий Цезарь ӕппӕтуӕрӕсеон ӕхсӕнадӕмон фестивальмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.08.2021
Рафыссын
Хуссар Иры театры сфӕлдыстадон къорд равдисдзӕн спектакль "Юлий Цезарь", архайынц дзы адӕмон артисттӕ Хаситы Вильгельм, Бибылты Сослан , Тъехты Василий ӕмӕ ӕндӕртӕ

ЦХИНВАЛ, 13 авг — Sputnik,Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон театр национ театрты ӕртыккӕгӕм ӕппӕтуӕрӕсейон ӕхсӕнадӕмон фестиваль "Федерация"-йы равдисдзӕн спектакль "Юлий Цезарь", фехъусын кодта Sputnik сфӕлдыстадон коллективы аивадон къухдариуӕггӕнӕг Дзудцаты Тамерлан.

Хуссар Иры паддзахадон театр ӕрзилдзӕн гастрольты Уӕрӕсейы горӕттыл - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.07.2021
Хуссар Иры паддзахадон театр ӕрзилдзӕн гастрольты Уӕрӕсейы горӕттыл

Культурон мадзал ацӕудзӕн Цӕцӕны 11-19 сентябры, йӕ организатортӕ сты Уӕрӕсейы театралон архайджыты цӕцӕйнаг хайад.

"Хуссар Иры театры сфӕлдыстадон къорд равдисдзӕн спектакль "Юлий Цезарь". Равдысты архайынц адӕмон артисттӕ Хаситы Вильгельм, Бибылты Сослан ӕмӕ Тъехты Василий, сгуыхт артисттӕ Харебаты Жан-Жак, Куымӕридтаты Батрадз ӕмӕ Джиоты Сослан, афтӕ ма Гаглойты Эдуард", - загъта аивадон къухдариуӕггӕнӕг.

Дзудцаты Тамерлан ма бафтыдта, спектаклӕй дарддӕр ма уый хайад кӕй райсдзӕн мадзалы фӕлгӕтты режиссерты батлы.

"Архайдзыстӕм Буинаг паддзахадон театр аивадон къухдариуӕггӕнӕг Тимур Куловимӕ. Дзырд цӕудзӕн тема "Национальный театр в поисках идеала"-йыл", - бафтыдта уый.

Мадзалы фæлгæтты ацæудзæн Нина Карповайы мастер-класс "Медиапространство как среда социального взаимодействия", сфæлдыстадон фембæлдтæ номдзыд артисттæ Юрий Васильев æмæ Ольга Кабоимæ. Уымæй дарддæр ма ауадздзысты тымбыл фынг "Перспективы национальных театров на российских и международных фестивалях".

Ног хабӕртты лентӕ
0