ХӔЗ фехъусын кодтой хæстхъом æфсæддон резерв сфидар кæныны тыххæй

© Пресс-служба ЮВО РФХӔЗ фехъусын кодтой хæстхъом æфсæддон резервы фидар кæныны тыххæй
ХӔЗ фехъусын кодтой хæстхъом æфсæддон резервы фидар кæныны тыххæй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.08.2021
Рафыссын
Хуссар æфсæддон зылды 58 æфсады сконды цы регионтæ ис, уыдоны фæнд кæнынц сфидар кæнын хæстхъом æфсæддон резерв

ЦХИНВАЛ, 16 авг - Sputnik. Форум "Армия-2021"-йы фæзуатыл кусдзæн БАРС-ы (боевой армейский резерв страны) дæлхайæдтæм кандидаттæ æвзарыны пункттæ, фехъусын кодтой æфсæддон комиссариаты минæвæрттæ.

"Хуссар æфсæддон зылды 58 æфсады сконды цы регионтæ ис, уыдоны фæнд кæнынц хæстхъом æфсæддон резерв саразын. Ныридæгæн цæуы æвзарæн кусыт БАРС-ы скондмæ", - загъта Цæгат Ирыстоны æфсæддон комиссары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Абрил Абдулаев.

Дæлбулкъон банысан кодта, резервисттæ кæй хъахъхъæндзысты паддзахадон æмæ æфсæддон нысаниуæджы объекттæ, барад æмæ иуварс кæндзысты æрдзон бæллæхты фæстиуджытæ.

"Резервисттæн паддзахад фиддзæн æхцайы фæрæзтæ. Ӕртæ суткæмæ офицер исдзæн 10 мин сомы, сержант фондз мины онг. 30 суткæмæ æфсæддон сборты офицер райсдзæн 30-75 мин сомы, солдат 25 мины онг", - хъусын кæнын Абдулаевы ныхæстæ пресс-службæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0