Конституци, бюджет ӕмӕ сӕрдыгон улӕфтытӕ: Хуссар Иры парламенты ацыд рабадт

© Sputnik / Natalia Airiyan Парламент
Парламент  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.08.2021
Рафыссын
Ӕртыццӕджы ацыд президиумы рабадт, абон ацӕудзӕн ӕппӕт парламентон корпусы ӕмбырд, уый фӕстӕ депутаттӕ фӕнд кӕнынц балхынцъ кӕнын уалдзыгон сесси ӕмӕ ацӕуын сӕрдыгон улӕфты

ЦХИНВАЛ, 18 авг — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламенты президиум рахаста сессийы ӕркастмӕ бюджетмӕ ивындзинӕдтӕ бахӕссыны фарст, кӕцы хауы фӕстауӕрцон электрон хахх рауадзынӕн финансон фӕрӕзтӕ рахицӕн кӕнынмӕ ӕмӕ куыстмызды фонд фӕфылдӕр кӕныны фарст.

Хуссар Иры ЦӔК - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.08.2021
Хуссар Иры парламент сфидар кодта ЦӔК ног сконд

Ӕртыццӕджы Хуссар Ирыстоны депутаттӕ Хуссар ӕрӕмбырд сты президиумы рабадтмӕ. Уынаффӕ рахӕсгӕ фарстаты нымӕцы уыд Конституцийы пункттӕй иу йӕ тых чи фесӕфта, ахӕмтыл банымайын.

Сӕйраг закъоны пункт хауы Пенсион фонды разамонӕджы снысан кӕнын президенты бӕрнӕй айсын. Ацы уавӕр сӕвзӕрд уымӕй размӕ Пенсион фонд кӕй рацарӕзтой Социалон фӕдзӕхсты фондмӕ, хицауадӕн та лӕвӕрд ӕрцыд йӕ бындурӕвӕрӕджы ном, стӕй ма йын йӕ сӕргълӕууӕг снысан кӕныны бӕрн дӕр рацыд ӕххӕстгӕнӕг органмӕ.

Парламенты сессийы ӕркӕсдзысты бюджетмӕ ивындзинӕдтӕм. Уыдон хауынц Инвестицион нывӕзты фӕрӕзты нысан фӕивыны фарст, цӕмӕй фӕрӕзтӕ хицӕн ӕрцӕуа фӕстауӕрцон электрон хахх саразын ӕмӕ бюджетон кусджытӕн сӕ куыстмызды фӕфылдӕр кӕнын.

Депутат Диакъонты Амиран хъусдард аздӕхта парламенты кӕй рацух кодтой йӕ закъонон бар - Инвестицион нывӕзт фидар кӕнынӕй. Афтӕмӕй та ӕппынӕдзух фидар кӕнынц бюджеты ивындзинӕдтӕ, кӕцытӕ хауынц йӕ нывӕзтмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0