Цхинвалы районы скъолатӕ цӕттӕ кӕнынц ног ахуыры азмӕ

© Sputnik / Наталья АйриянДменисы скъола
Дменисы скъола - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.08.2021
Рафыссын
Цалцæггæнæн-арæзтадон куыстытæ æппæты фыццаг райдыдтой Сатихъары астæуккаг скъолайы бæстыхайы, бадзæбæхтæ кодтой Рустау æмæ Громы ахуырадон уагдæттæ дæр

ЦХИНВАЛ, 23 авг – Sputnik, Дриаты Лейла. Цхинвалы районы сӕ тӕмӕны бацыдысты иумӕйагахуырадон скъолаты ног ахуыры азмæ æмбæлон æгъдауæй бацæттæ кæныны фӕдыл куыстытӕ. Ӕххӕст сӕ кӕнынц районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады тыхтӕй. Йæ хистæр Уазæгты Мевлуд куыд банысан кодта, афтӕмӕй цалцæггæнæн-арæзтадон куыстытæ æппæты фыццаг райдыдтой Сатихъары астæуккаг скъолайы бæстыхайы.

Арæзтадон-цалцæггæнæн куыстытæ сæххæст кодтой куыд æддейæ, афтæ мидæгæй дæр. Цæвиттон, йæ фасад ын ногæй байсæрстой скъолайы алыварс æрцыд бетонгонд, спортивон зал æмæ кълæстæм дæр базылдысты æмбæлон æгъдауæй, сцалцæг кодтой асинтæ дæр.

"Скъолайы хæрæндон æмæ йæ къæбиц дæр дзуапп нæ лæвæрдтой нырыккон домæнтæн, хæрæндоны астæрд уыд æгæр ныллæг. Ацы згъуыд дæр бахынцыд æрцыд æмæ йæ фæбæрзонддæр кодтой, стæй та йæ кафель скодтой. Ацы скъолайы ма бакодтой æндæр куыстытæ дæр æмæ ног ахуыры азыл сæмбæлдзысты ифтонгæй", - загъта Уазæгты Мевлуд.

Рустауы скъолайы хъармгæнæн системæйы уавæр дӕр нæ уыд раппæлинаг æмæ уый цасдæрбæрцæй мæгуырауæрдæм æндæвта ахуыры гъæдыл.

Скъола N5 г. Цхинвал, - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.08.2021
Ног фасад æмæ рæстмæ хъæрмад: Цхинвалы скъолатæ цалцæг кæнынц 1-æм сентябрьмæ

Уавæр зындгонд уыд адæмон ахуырады хайадæн æмæ ныртæккæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад кусы ацы фарста æрбæстон кæныныл дæр. Скъолайы хъармгæнæн системæйы куыстыл æппæрццагæй цы æндæвта, уыдон расæрибар кодтой æмæ стæй ногæй монтажгонд æрцыдысты.

Зымæгон уазал бонты Громы скъола дæр ифтонг уыдзæн хъæрмадæй. Уый тыххæй æлхæд æрцыд трансформатор, кæцы хъуамæ æвæрд æрцæуа хицæн бынаты æмæ уый фæрцы кусдзысты котелтæ. Трансформатор сæвæрыныл та бакусдзысты, йæ хъуыддаг хорз чи зоны, ГЭС-ы ахæм фæлтæрд специалисттæ.

"Уæлæнгай арæзтадон-цалцæггæнæн куыстытæ бакæнын ма хъæудзæн районы ноджы цалдæр скъолайы дæр, кæд нын кусынæн æхцайы фæрæзтæ сфаг уой, уæд", - балхынцъ кодта Уазӕгты Мевлуд.

Ног хабӕртты лентӕ
0